26 сентября 2025, 10:33
Сергей Меняйлойы разамындæй Мæздæджы районы арæзт æрцыди террористон актты ныхмæ къамисы æмбырд
Ныхас цыди террористон æмæ экстремистон фæзындты ныхмæ мадзæлттыл, уыимæ миграцион къабазы, стæй информацион тыгъдады
Сергей Меняйлойы разамындæй Мæздæджы районы арæзт æрцыди террористон актты ныхмæ къамисы æмбырд. Ныхас цыди террористон æмæ экстремистон фæзындты ныхмæ мадзæлттыл, уыимæ миграцион къабазы, стæй информацион тыгъдады. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Мæздæджы районы æнæрлæугæ куыст цæуы, цæмæй цæрджытæ æппæтадæмон террористон организацитæм ма æмхиц кæной. Барадхъахъхъæнджытæ карзæй тох кæнынц интернеты тыгъдады зианхæссæг фæзындты ныхмæ. Стыр æргом здахынц нациты хсæн ныхмæлæуддзинад æмæ экстремистон нысаниуæгимæ информаци чи парахат кæны, уыдонимæ тох кæнынмæ.
темæмæ гæсгæ




