24 октября 2025, 10:35
Сергей Меняйлойы разамындæй уыд, æнæнхъæлæджы уавæртæй бахъахъхъæныны æмæ зынгсирвæзтытæ не руадзыны фæдыл къамисы æмбырд
Йæ архайджытæ æркастысты, зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд, æнæнхъæлæджы уавæртæй бахъахъхъæныны æмæ зынгсирвæзтытæ не руадзыны фæдыл къамисы æмбырд. Йæ архайджытæ æркастысты, зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Стыр æргом аздæхтой хъусынгæнæн системæйы комплексон иртæстытæм. Хатдзæгтæ скодтой, ахуыргæнæндæттæ ног ахуыры азмæ куыд бацæттæ кодтой, уыцы куыстæн. Сергей Меняйло профилон оргæнтæн бабар кодта хъусынгæнæн системæ бацæттæ кæнын. Уыимæ, цас адæмыл баххæсдзæн, уый бахынцын.
темæмæ гæсгæ




