филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 01 февраля 2026
11 января 2022, 11:07
Сергей Меняйлойы разамындæй аразт æрцыд аппаратон æмбырд

Куыд у ныртæккæ коронавирусимæ уавæр нæ республикæйы? Уымæй дарддæр – Дзæуджыхъæуы сæйраг фæлладуадзæн зонæты аивгæнæн куыстытæ куыд цæуынц?

Куыд у ныртæккæ коронавирусимæ уавæр нæ республикæйы? Уымæй дарддæр – Дзæуджыхъæуы сæйраг фæлладуадзæн зонæты аивгæнæн куыстытæ куыд цæуынц? Ацы æмæ æндæр фарстатыл æрныхас кодтой аппаратон æмбырды. Цæмæ ма аздæхтой се ргом бæрнон кусджытæ, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

2022 азы фыццаг къуырийы дæргъы коронавирусæй рынчынты нымæц фæкъаддæр ис дыууæ æнæхъæны æмæ æртæ дæсæм хай проценты. Ахæм бæрæггæнæнтæ аппаратон æмбырды рæстæг фехъусын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, сырæзт, низ арæхдæр кæуыл бахæцы, уыцы кары къордтæ дæр. Уыцы иу рæстæг фæкъаддæр ис, коронавирусæй чи амæлы, уыцы адæмы нымæц. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ стационарты ис 545 адæймаджы. Цæгат Ирыстоны уымæй уæлдай фæахадгæдæр кæндзысты вакцинацийы цыд. Сергей Меняйло фау æрхаста, республикæйы рынчындæтты туаггуыры станцæтæ куыд æвæрынц, уымæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы куыст хъуамæ æххæстгонд æрцыдаид раздæр.

Республикæйы разамонæг бауайдзæф кодта Дзæуджыхъæуы разамындæн, горæты цалдæр фæлладуадзæн бынаты проекттыл кæронмæ кæй нæ бакуыстой, уый тыххæй. Рацарæзтмæ æнхъæлмæ кæсынц Жуковскийы æмæ Къостайы номыл парктæ, стæй Олимпаг парк, доны станцæ æмæ Терчыбылгæрон. Фæстаг объект саив кæнынæн администраци снысан кодта 24 милуан сомы. Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй цæттæгæнæн куыстытæ ахицæн уой январы кæронмæ æмæ боныхъæд куы фæхуыздæр уа, уæд рагацау райдайой рацарæзт. Сæрдмæ та хъуамæ æппæт объекттæ дæр сцæттæ уой.

Æмбырды рæстæг дзырдтой бæхты театр «Нарты» райрæзты проектыл. Куыд сбæрæг ис, афтæмæй нырма цæттæ нæма у. Арæзтады министрады бон конкурс расидын нæу, уымæн æмæ культурæйы министрад техникон хæслæвæрд нæ бацæттæ кодта. Сергей Меняйло бадомдта, цæмæй къуырийы кæронмæ фарста лыггонд æрцæуа.

Республикæйы центрон æвзарæн Къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 16 январы Дур-Дуры æмæ Мичурины равзардзысты администрациты сæргълæууджыты. Уый фæдыл бахатыд районты разамонджытæм, цæмæй уыцы бон адæм ма стыхсой æнæ транспортæй, æвзарæн хайæдты та цæмæй баххæст кæной æдасдзинады домæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania