Йæ разамындæй цы æмбырд ацыд, уым архайдтой Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Уæрæсейы æдасдзинады советы секретарь Сергей Шойгу, Цæгат Кавказы федералон зылд бæрæг кæныны фæлгæты, ссыди Дзæуджыхъæумæ. Йæ разамындæй цы æмбырд ацыд, уым архайдтой Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æрныхас кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ сæ бинонты социалон æгъдауæй æххæст кæныны фарстатыл. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй социалон гарантитæ сæ статус æмæ цæрæн бынат нæ хынцгæйæ, хъуамæ иухуызон уой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, бархионтæн æмæ кадрты æфсæддонтæн. Уымæй уæлдай, ныхас цыди инфраструктурæйы объекттæ терроризмы ныхмæ мадзæлттæй сæххæст кæныныл. Зындгонд куыд у, афтæмæй ныгуылæн æмæ украинаг службæтæ теракттæ æмæ диверситæ кæнынц дарддæр. Активонæй пайда кæнынц æнæпилотон тæхæн аппараттæй, стæй бæстæйы цæрджыты æмхиц кæнынц зианхæссæг фæзындтæм. Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, снысан кодтой бæлвырд мадзæлттæ терроризмы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы.




