19 августа 2014, 17:42
Сфæлдыстадон къорд «PROGREDI»–йы уæнгтæ аразынц акци «Ирон аргъау»
Акцийы рæстæг фæсивæд цæуынц Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæм æмæ сывæллæттæн кæнынц аргъæуттæ мадæлон æвзагыл, зарынц сын ало-лаййы зарджытæ.
Акцийы рæстæг фæсивæд цæуынц Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæм æмæ сывæллæттæн кæнынц аргъæуттæ мадæлон æвзагыл, зарынц сын ало-лаййы зарджытæ.
Акци саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй сывæллæттæ хуыздæр æнкъарынц æвзаджы рæсугъддзинад, йæ мелодикæ æмæ йæ хъæздыгдзинад. Сабитæм дæр цымыдисаг кæсы æмæ зæрдиагæй хъусынц фæсивæдмæ.
Берозты Элинæ, Сфæлдыстадон къорд «PROGREDI»–йы уæнг: «Кастыстæм аргъæуттæ сывæллæттæн, уымæн æмæ сывæллон гыццылæй цы бахъуыды кæна, уый дзы никуы ферох кæндзæн».
темæмæ гæсгæ