23 июля 2024, 11:41
Шахмæтты æппæтадæмон бонмæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд турнир
Архайдтой дзы 30 адæймаджы республикæйы алы районтæй
Шахмæтты æппæтадæмон бонмæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд турнир профессионалты æмæ, спорты ацы хуыз чи уарзы, уыдоны хсæн. Архайдтой дзы 30 адæймаджы республикæйы алы районтæй. Ерыс кодтой категори блицы – ома тагъд шахмæттæй. Турнир саразыныл бакуыстой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Алагиры хайады активисттæ, стæй «Фæсивæдон гвардийы» минæвæрттæ. Афтæмæй сæххæст кодтой Æппæтуæрæсеон сæрдыгон спортивон марафон «Сила России»-йы программæ. Уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кодтой кубоктæй, майдантæй æмæ дипломтæй.
темæмæ гæсгæ




