филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:10 суббота, 18 мая 2024
03 августа 2023, 12:10
Шмулевичы уынджы цы хæдзар ис, уый цæрджытæн рæдзгуытæ бакæнын æмæ сыгъдæг уæлдæфæй сулæфны фадат нæй цалдæр азы

Уымæн æмæ сæ хæдзары пъадвал байдзаг вæййы уарыны донæй æмæ расайы зианхæссæг фæстиуджытæм

Дзæуджыхъæуы Шмулевичы уынджы цы хæдзар ис, уый цæрджытæн рæдзгуытæ бакæнын æмæ сыгъдæг уæлдæфæй сулæфны фадат нæй цалдæр азы. Уымæн æмæ сæ хæдзары пъадвал байдзаг вæййы уарыны донæй æмæ расайы зианхæссæг фæстиуджытæм. Уæлдай зындзинæдтæ æййафынц 1-æм уæладзыджы цæрæг адæм. Куыд аиуварс кæнын хъæуы уыцы фарста, уый базондзыстæм нæ программæйы дарддæры æрмæгæй. Ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Нина Савина ацы хæдзары цæры 40 азæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй канализацион хæтæлтимæ фарстатæ рагæй сæвзæрдысты. Сылгоймаг цалдæр азы йæ сыхæгтимæ курдиæттæ рвыста алы бæрнон куыстуæттæм. Фарста аиуварс кодтой, фæлæ та рæстæджы фæстæ ногæй сæвзæрд. Цалцæггæнæн куыстытæн фæрæзтæ æрæмбырд кодтой хæдзары цæрджытæ сæхæдæг.

Пъадвалы цы дон сымбырд вæййы, уый никуыдæм кæлы, æмæ подъезды къултæ райдыдтой хъуына кæнын. Æппæтæй фылдæр зиан уыцы хъуыддаг хæссы 1-æм уæладзыджы цæрджытæн. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй пъадвалы дон вæййы иу метры бæрц хæрдмæ. Хæдзары цур та ис уæйгæнæн бынæттæ. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уарынты рæстæг дон æрæмбырд вæййы ацы ран.

Аварион диспетчерон службæ «Владсток»-ы хицау Калоты Сослан куыд зæгъта, афтæмæй дон æмбырд кæны адæмы тыххæй. Уымæн æмæ хæтæлтæ сыгъдæг кæнгæйæ дзы ссарынц суанг дзаумæттæ дæр.

Уарыны дон хъуамæ цъира, хæдзарæн разамынд цы компани дæтты, уый. Йæ директор Абайты Георгий куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæм сæ бон бавналын нæ уыд, уымæн æмæ хæтæлтæ афойндыл нæ ныссыгъдæг кодтой. Ныридæгæн специалисттæ цæттæ сты фарста алыг кæнынмæ.

Разамынддæтæг компанийы директор Абайты Георгий ма загъта, донцъирæн куыстытæ тагъд рæстæджы кæй райдайдзысты, уый. Уыимæ базилдзысты пъадвалмæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania