филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:29 воскресенье, 29 сентября 2024
03 сентября 2014, 10:52
Сидахъаты бинонтæн Беслæны скъолайы тыххæй мысинæгтæ систы зæрдæрыст æмæ номарыны рæстæг

Спортивон залы уыдысты æхсæзæй. Дæс азы фæстæ та ногæй сæ цæстытыл ауадысты уыцы æнамонд æртæ боны. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ уырнгæ дæр нал кодта, ахæм зындонæй сæ бон раирвæзын бауыдзæн, уый. Фæлæ сын бантыст. Сæрæгасæй рацыдысты æнæхъæн бинонтæй. Ныр кæрæдзийы къухтыл сæ бон хæцын кæй у, уый тыххæй алы бон дæр кувынц Хуыцаумæ.

74047
Сидахъаты бинонтæн Беслæны скъолайы тыххæй мысинæгтæ систы зæрдæрыст æмæ номарыны рæстæг. Спортивон залы уыдысты æхсæзæй. Дæс азы фæстæ та ногæй сæ цæстытыл ауадысты уыцы æнамонд æртæ боны. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ уырнгæ дæр нал кодта, ахæм зындонæй сæ бон раирвæзын бауыдзæн, уый. Фæлæ сын бантыст. Сæрæгасæй рацыдысты æнæхъæн бинонтæй. Ныр кæрæдзийы къухтыл сæ бон хæцын кæй у, уый тыххæй алы бон дæр кувынц Хуыцаумæ.

2004 азы цауты тыххæй цы бирæ æрмæджытæ ист æрцыд, уыдоны хсæн ацы къам бæрæг дары. Сæнкъуысын кодта дунейы адæмы зæрдæтæ. Судзгæ скъолайæ йæ хъæбысы сывæллоны чи рахаста, уыцы сылгоймаг – Сидахъаты Кларæйы зæрдæ ныр дæр сриссы уыцы фыдбонтæ æрхъуыдыгæнгæйæ. Бинонты кæстæр Викæйыл уæд цыд 2 азы.

Уыцы бон фыццаг къласмæ бацыд сæ кæстæр Алан. Зонындзинæдты боныл йемæ бацин кæнынмæ цыдысты æнæхъæн бинонтæй: мад, фыд, чындз, Кларæ йæхæдæг, семæ акодтой гыццыл Викæйы дæр. Чи уыд æнхъæл æмæ 1-æм сентябрь ахæм æнамонд рауайдзæн. Беслæны скъола та зындон фестдзæн. Уыцы æртæ боны адæм хъуыды кодтой сабырдзиндыл æмæ доныл.

Уæд æртæ боны адæм уыдысты стонг, æнæ дон, уæлдæф дæр сын нæ фаг кодта. Фыццаг срæмыгъд куы æрцыд, уæд æй уæнгмард адæм æмбаргæ дæр нæ бакодтой, цы рцыд, уый.

Уыцы бонтыл дзурын бинонтæ нæ уарзынц. Ныр дæр ма сæ цæстытыл лæууынц уыцы нывтæ, террористы ныхæстæ æмæ митæ, куыд хъизæмæрттæ кодтой, уый.

Гыццыл Викæ та, уæдæй абонмæ иунæг хатт дæр нæ уыд 1-æм скъолайы. Йæ бон нæу.

Уæды гыццыл Викæ ныр ахуыр кæны скъолайы. Фыссы æмдзæвгæтæ, кафы, цæгъды ирон фæндырæй. Йæ рæзгæ уд æй æмбары цард – цæрынæн у! Æмæ алы минут, алцæмæйдæр исы циндзинад. Фæнды йæ царды рæсугъддзинæдтæ банкъарын.

Алан та ахуыр кæны 11 къласы. Уарзы истори, уæлдайдæр та Ирыстоны истори. Æвзонг лæппуйы хъуыдымæ гæсгæ, ацы цаутæ канд Ирыстоны историйы нæ, фæлæ æгас дунейы историйы фыст уыдзысты сырх, тугхуыз дамгъæтæй. Æмæ сæ кæд иуырдыгæй адæймаджы зæрдæ нæ комы мысын, уæддæр сæ иннæрдыгæй та рох кæнæн нæй. Уымæн æмæ æппæт хъуарутæй, æппæт дунейы адæм хъуамæ тох кæной терроризмимæ.

Цæмæй алкæй бон дæр уа æнæхъæн бинонтæй иумæ бадын æмæ фидæнмæ рæсугъд фæндтæ æвæрын. «Уый у æппæтæй стырдæр амонд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania