филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 понедельник, 15 декабря 2025
05 мая 2014, 11:14
Сидзæр сывæллæттæн æххуыс

«Сывæллæтты хъæлдзæг худт æмæ сæ цины цæстæнгас сты æппæтæй зынаргъдæр» – зæгъынц сидзæртæм цæстдарæг центры минæвæрттæ. Сæ хæсыл нымайынц, æнæ ныййарджытæй æмæ зын

«Сывæллæтты хъæлдзæг худт æмæ сæ цины цæстæнгас сты æппæтæй зынаргъдæр» – зæгъынц сидзæртæм цæстдарæг центры минæвæрттæ. Сæ хæсыл нымайынц, æнæ ныййарджытæй æмæ зын уавæрты чи бахауд, уыцы сывæллæттæн баххуыс кæнын, барæвдауын сæ, æхсызгондзинад сын хæссын.

Ацы хатт хъæлдзæг бæрæгбон сарæзтой сывæллæты хæдзар «Хæлар зæрдæ»-йы хъомылгæнинæгтæн. Кæстæртæ зæрдиагæй архайдтой хъæлдзæг конкурсты æмæ ерысты, хъазыдысты быдзæутимæ.

Сывæллæттæн хъæлдзæг бæрæгбон саразыныл бацархайдтой республикæйы зындгонд артисттæ дæр. Виктория Бабаева, Никита Васильев, Хъæбæлоты Руслан, Дауыраты Эдуард, Æлбегаты Аннæ, Быгъуылты Георгий сывæллæтæн акодтой сæ уарзон зарджытæ.

Се `ппæтæн дæр æхсызгон уыд, архиепископ Зосимæ сæм кæй æрбацыд, уый. Бæрæгбон æнæ лæвæрттæй нæ фидауы, æмæ уазджытæ сывæллæттæн æрбаластой уæлæдарæс, адджинæгтæ, дыргътæ, адджын дæттæ. Сæ хъус сæм фæдардтой Дзæуджыхъæуы амалхъом адæм дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania