Уый тыххæй ныхас цыд, ведомствæты *хсæн хицауадон къамисы æмбырды
Сидзæр æмæ æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, ахæм сывæллæттæн фарон паддзахады æххуысæй Дзæуджыхъæуы æмæ районты балхæдтой 77 цæрæнуаты. Уый тыххæй ныхас цыд, ведомствæты *хсæн хицауадон къамисы æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Тугъанаты Ларисæ. Архайдтой дзы министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Сидзæр-сывæллæтты фатертæй æххæст кæныны кампани фарон куыд æххæстгонд цыд, уый тыххæй бæлвырд радзырдта фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрæнуæттæ балхæнынæн федералон æмæ республикон бюджеттæй радих кодтой 168 милуан сомы. Нысангонд субсидитæй æххæстæй спайда кодтой. Ныртæккæ адæмæн социалон лæггæд кæныны управлениты æххæст кæнынц юридикон процедурæтæ. Уый фæстæ фатертæ кæмæн æмбæлы, уыдонимæ бафысдзысты сæрмагонд цæрæнуæтты æххуырсты бадзырдтæ. Ацы аз 25-æм январы онг сфидар кодтой 17 ахæм бадзырды.




