филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
16 февраля 2021, 12:57
Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæй дæр бирæтæ ныридæгæн райдыдтой сæхи фатерты цæрын

Æрыдоны районы ногарæзт хæдзары хæрзхъæддзинадмæ æркастысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады активисттæ

Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæй дæр бирæтæ ныридæгæн райдыдтой сæхи фатерты цæрын. Аразджытæ сæйраг куыстытæ фесты, баззади ма сын аивгæнæн куыстытæ бакæнын. Ацы аз ног цæрæнуæттæ райсдзысты ноджыдæр 80 æрыгон адæймаджы. Æдæппæтæй фатермæ рады лæууынц 1000 адæймаджы. Æрыдоны районы ногарæзт хæдзары хæрзхъæддзинадмæ æркастысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады активисттæ.

Муриты цинæн кæрон нæй. Бинонты хистæрМарат йе мкъай æмæ йæ сывæллонимæ æрцарди ног фатеры. Ацы цаумæ æнхъæлмæ кастысты 10 азæй фылдæр. Марат йæхæдæг сидзæрæй схъомыл. Уымæ гæсгæ йын фатер паддзахадæй æмбæлыди. Алцыдæр дзы ис: хæдзары хъæугæ хъæддзаума, цæлгæнæнæн кусæнгæрзтæ æмæ афтæ дарддæр.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон штабы минæвæрттæ сбæрæг кодтой æппæт куыстыты хæрзхъæддзинад. Фиппаинæгтæ ницæмæ рхастой. Алы фатеры дæр ис зынгсирвæзтыты ныхмæ сигнализаци. Уымæй дарддæр алы бацæуæны раз дæр сæвæрдтой пандустæ.

Нырыккон цалцæг, стыр уæттæ, егъау балкъонтæ. Ногарæзт хæдзары ис 28 фатеры. Уыдонæй дæгъæлтæ райстой Дыгуры, Æрæфы, Æрыдоны æмæ Алагиры районты сидзæр сывæллæттæ.

Фарон сæхи цæрæнуæттæ райсыны фадат фæзынд 76 сидзæр сывæллонæн. Ацы аз сæ нымæц хъуамæ зынгæ фæфылдæр уа. Уыимæ уыдзысты куыд сидзæртæ, афтæ æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кодта, ахæм сывæллæттæ. Ацы хæдзар эксплуатацийы радтой фарон, фæлæ дзы ныридæгæн бирæтæ рцардысты. Алфамбылай территорийы куыстытæ кæронмæ нæма фесты. Кæрт саив кæндзысты, æмæ дзы фæзындзысты сывæллæттæн хъазæн æмæ ирхæфсæн фæзтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania