Чызджытæ æмæ лæппутæ йын зæрдиагæй равдыстой, скъоламæ цы æлхæнинæгты хыгъд бацæттæ кодтой, уый
Сидзæр сывæллæтты хæдзæртты та ног ахуыры азмæ сæхи куыд бацæттæ кодтой, уый феныны тыххæй сæ бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сывæллæтты бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Кокайты Артур. Чызджытæ æмæ лæппутæ йын зæрдиагæй равдыстой, скъоламæ цы æлхæнинæгты хыгъд бацæттæ кодтой, уый. Хаст æм æрцыдысты æнæмæнг хъæугæ уæлæдарæс æмæ кусæнгæрзтæ. Æппæтæй ахсджиагдæр у – физкультурæйæ архайынæн формæ. Цæмæй ма æййафынц цух, æмæ цавæр ныфсытæ æвæрынц ног ахуыры азмæ, уый тыххæй фехъусын кодтой сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæгæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.
Уæлæдарæс дзаумæттæ ауындзæныл, къахыдарæс скъаппы. Кокайты Артур бæрæг кæны ног ахуыры азмæ сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ куыд цæттæ сты, уый. Сывæллæтты бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг ацы куыст кæны алы къуыри дæр.Абон та йе ргом тынгдæр аздæхта скъоладзауы уæлæдарæсмæ.
Родион бахызты 6-æм къласмæ. Галстук лæппу равзæрста йæхæдæг. Сывæллæтты хæдзары рæзгæ фæлтæрæн ахæм фадат радтынц. Æнæмæнг хъæугæ дзаумайæн сын æхца радих кæнынц респубуликæйы ахуырад æмæ наукæйы министрадæй. Сентябрьмæ цæттæ кæнын райдыдтой июлы. Скодтой цытæ сæ хъæудзæни балхæнын, уыдоны номхыгъд.
Кокайты Артур æркасти æмæ аргъ скодта хæринаггæнæн блок æмæ скълады уавæрæн дæр. Тынгдæр йе ргом аздæхта продуктты хæрзхъæддзинадмæ æмæ сæ цы уавæрты дарынц, уымæ. Сывæллæтты бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг хатдзæгтæй баззыди разыйæ.
Ацы уагдоны ис 46 хъомылгæнинаджы. Ацы аз сæм фыццæгæмкъласонтæ нæй. Рæзгæ фæлтæры ахуыргæнæн æрмæгæй сифтонг кодта скъола.




