филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:24 воскресенье, 01 февраля 2026
21 октября 2022, 11:16
Сидзæр цæрæнуæттæй ифтонг кæныны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатыл ныхас цыди парламенты советы æмбырды

Сæйраг нысан – уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттыл бакусын

Сидзæр æмæ æвæгæсæгæй чи баззади, ахæм сывæллæтты цæрæнуæттæй ифтонг кæныны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатыл ныхас цыди республикæйы парламенты советы радон æмбырды. Сæйраг нысан – уæлæмхасæн æххуысы мадзæлттыл бакусын. Закъоны проекты амынд куыд ис, афтæмæй ацы категорийæн цæрæнуат балхæнынæн лæвæрд цæудзæн милуан 6 сæдæ æвдай 3 мин сомæн сертификат. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм æххуыс райсдзысты, 23 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм сидзæртæ æмæ, æвæгæсæгæй чи баззади, уыдон. Фæлæ ам ис иу фиппаинаг. Адæймагмæ хъуамæ уа æрвылмæйон æфтиаг, стæй хъæбæр нозтмæ æмæ наркотиктæм æмхиц хъуамæ ма уа. Абоны онг цæрæнуат райсыны хыгъдмæ хаст æрцыди 1466 адæймаджы, уыдонæй 620-æй сты, 23 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. Рады чи лæууы, уыдонæй 50 адæймаджы бафæндыди ацы æххуысæй спайда кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania