Сылгоймаджы кæлмæрзæн аив кæнынæй дæсныйадæвдисæг ахуыртæ та скодта Джамиля Дагирова
12-æм æппæтадæмон симпозиум «Аланикæ»-йы программæ æххæст кæнгæйæ, арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ рагон нывæфтыдтæ кæнынæй. Фенæн сæ уыд республикæйы Национ музейы. Сылгоймаджы кæлмæрзæн аив кæнынæй дæсныйадæвдисæг ахуыртæ та скодта Джамиля Дагирова. Кусы Дагестаны национ музейы. Куыд радзырдта, афтæмæй проект у рухстауæн. Ныртæккæ бирæ адæмыхæттытæ кæлмæрзæныл нывæфтыдтæ кæныны технологи нымайынц сæхи традицион æрмдæсныйадыл. Фæлæ ацы традици хауы тюркаг адæмтæм. Ацы орнамент та бæлвырдæй дæр у Дагестаны. Ахуыртæм бакæсын æмæ йæ тыхтæ бафæлварын уыд алкæйы бон дæр. Аланикæйы фæлгæты кæлмæрзæнтæ гюльминдО равæрдзысты хатдзæгтæгæнæн равдысты 30-æм августы.
