Ацы чемпионат иу кæны Азийы спорты 5 хуызы, фæлæ дзы ерыс кодтой 2 хуызæй – Кобудо æмæ Вьет-во-дАо. Сæ азтæм гæсгæ спортсменты адих кодтой 4 къордыл.
Саламты Таймураз, Скæсæйнаг спортивон хæстыты Федерацийы æххæстгæнæг директор: «Канд нæмынц сæ нæ ахуыр кæнынц, стæй спорты хуыздæр бæрæггæнæн райсыныл, фæлæ сæ фыццаджы дæр ахуыр кæнынц культурæ æмæ æгъдауыл, дæттæм сын раст хъомылад, уый фæстæ спорты бæрзæнттæм тырнындзинад дæр. Рагæй чи архайы уыдонмæ та алы ерыстæм фæдзурынц æмæ кæд дарддæр дæр сæхи хорз æвдисдзысты уæд сын фидæны барадон оргæнты сæ бон кусын уыдзæн. Райстам дыккаг командон бынат Уæрæсейы æмæ дзы уыд 45 командæйы. Афтæмæй ацы Федерацийы 5 азы йæдтæмæ не стæм æмæ уый дæр бирæ уыл дзуры. Стæй ма мах командæйæ райстой 2 адæймаджы æппæт адæмон ерыстæм. Уый дæр стыр æвдисæн у».




