филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:49 суббота, 18 мая 2024
14 декабря 2022, 12:19
Скифаг хъайтартæн ног цард раттын

Нæ рагфыдæлты цардыуаджы оригиналон кусæнгæрзтæ сты дунейы зындгонд музейты, фæлæ æрмдæсны Зембатты Тимур та сын аразы сæ хуызæгтæ

Скифаг хъайтартæн ног цард раттын. Нæ рагфыдæлты цардыуаджы оригиналон кусæнгæрзтæ сты дунейы зындгонд музейты. Фæлæ æрмдæсны Зембатты Тимур та сын аразы сæ хуызæгтæ. Кæд зын куыст у, уæддæр ын хæссы удæнцой. Куыд зæгъы, афтæмæй уый руаджы нæ сæфы нæ фыдæлтимæ бастдзинад. Æрмдæсныйадыл сахуыр кæныны фадат ис студенттæн дæр. Скифаг цардыуаг банкъардта нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Йæ къухты истори сног вæййы. Цæрæгойтæ скифаг хуызы, рæсугъд рæттæ æмæ æндæр аивгæнæнтæ. Зембатты Тимур куыд зæгъы, афтæмæй йын скифаг – сæрмæтаг хуызыл кусын æхсызгон у. Йæ куысты руаджы банкъары нæ фыдæлты цардыуаг.

Цæмæй аивгæнæн фæрæсугъддæр кæна, уый тыххæй Тимур нывы сæрыл сæвæры лыстæг æрттивæгтæ. Ацы рагон рæттæ скодта сæрмагонд техникæмæ гæсгæ.

Мастеры куысты процессмæ лæмбынæг кæсынц студенттæ. Ахуыр кæнынц мыдадзимæ архайын, цæмæй дарддæр сæ бон уа рæсугъд аивгæнæнтæ кæнын.

Студенттимæ куыст Тимурæн уæлдай ахсджиаг у. Фæсивæды хъуыддæгты комитеты руаджы скодта проект «РохсАлан». Æрмæст аивгæнæнтæ æмæ сувениртæ кæнын сæ нæ ахуыр кæны, фæлæ сын байгом кæны алы адæмты культурæ. Студенттæ уæлдæр æмæ хуыздæр кæндзысты сæ зонындзинæдтæ стæй сæ дæсныйад.

Цæмæй фыдæлты культурæ хуыздæр базона æмæ ног куыстмæ йæхи сразæнгард кæна, уый тыххæй Тимур ацæуы национ музеймæ. Экспонаттæм фæкæсы профессионалон цæстæй.

Тимур йе студенттимæ саразы æнæхъæн коллекцитæ. Равдисынц сæ алыхуызон егъау мадзæлтты æмæ армукъаты. Республикæйы цæрджытæн фадат ис алы адæмыхæттыты аивгæнæнтæ фенынæн. Сæ оригиналон хуызтæ сты Эрмитажы, Венæйы историон музейы, Шотландийы рагон дунейы музейы, стæй Украинайы историон хæзнаты музейы Киевы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania