Рæзгæ фæлтæр сæхæдæг æрзайын кæнынц алыхуызон халсартæ æмæ дыргътæ
Хиуыл хъуыдыгæнгæйæ, иннæты дæр ма рох кæнын. Скъола-интернат «Надежда-йы хъомылгæнинæгты сæ сабибонтæй фæстæмæ разæнгард кæнынц зæххы куыст уарзынмæ. Рæзгæ фæлтæр сæхæдæг æрзайын кæнынц алыхуызон халсартæ æмæ дыргътæ. Уымæй уæлдай лæппутæ архайынц хъæдæрмæгимæ куыст базоныныл. Скъола-интернаты фидæнмæ хæстыл æмæ нысантыл афæлгæст не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.
Скъола-интернат «Надежда»-йы хъомылгæнинаг Медойты Олеся йæ цæст дары, цы байтыдта, уыдоны ссыдмæ. Æнхъæлмæ кæсы пъæмидортæ, баклажантæ æмæ джитъритæм. Хæдзар интернатæн иу хъæрмуат балæвар кодтой спонсортæ, иннæ æвæрд æрцыди национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Хæстæгдæр рæстæг хъæрмуатмæ бауаддзысты электрон тых, æмæ ахуыргæнæндоны хъомылгæнинæгтæн фадат уыдзæни афæдзы дæргъы хи халсартæ зайын кæнынæн.
Фарон скъола-интернат йæхи æххæстæй сифтонг кодта хи пъæмидортæй, джитъритæй, хъæдур, нартхорæй æмæ хæринагмæ æфтаугæ алыхуызон пайдайаг кæрдæджытæй. Ацы аз дæр хуымтæ ныридæгæн сты цæттæ. Фæнд кæнынц картоф ныссадзынмæ дæр фæзуат бацæттæ кæнын. Æнхъæлмæ кæсынц бæркадджын тыллæгмæ.
Хъæдæрмæджы кустгæнæн æрмадзы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ ахуыр кæнынц хъæдимæ кусыныл. Цъебойты Зауырбеджы разамындæй аразынц бандæттæ, исынц заказтæ дæр.
Фæсивæд сахуыр сты алыхуызон дзаумæттæ аразыныл. Уымæн сын æххуыс сты интернетæй ист ахуыртæ. 20 æнцойгæнæны сарæзтой Дзæуджыхъæуы госпитæлæн дæр.
Хъæдæрмæджы куыст кæныны ахуырты рæзгæ фæлтæр архайынц разæнгардæй.
Годжысаты Муратæн йæ куыст у гыццыл æндæр хуызæн. Æрæджы интернаты разамынд балхæдта инкубатор. Кæрчытæ хæдзарады бахъæудзысты кæдфæндыдæр. Ныр Мурат зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсы, 61 цъиуы рухс кæд фендзысты, уымæ.
Скъола-интернаты ахуыр кæны 65 сывæллоны, уыдонæй 20, æвæгæсæгæй чи баззад, ахæмтæ. Царды уæрæх фæндагмæ ардыгæй фæсивæд рацæудзысты фæллойадон зонындзинæдтимæ.




