филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:09 вторник, 16 декабря 2025
13 марта 2014, 11:24
Скъоладзаутæ сæхи райдыдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæнын

Ныййарджытæн æмæ скъоладзаутæн уалдзæг ахсджиаг рæстæг вæййы. Паддзахадон фæлварæнтæм цæттæгæнгæйæ, бирæты тас бацæуы, куыд сæ ратдзыстæм, зæгъгæ. Фæлварæнты домæнтæ

Скъоладзаутæ сæхи райдыдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæнын
Ныййарджытæн æмæ скъоладзаутæн уалдзæг ахсджиаг рæстæг вæййы. Паддзахадон фæлварæнтæм цæттæгæнгæйæ, бирæты тас бацæуы, куыд сæ ратдзыстæм, зæгъгæ. Фæлварæнты домæнтæ кæй фæкарздæр уыдзысты, уый та сæ уæлдаæ тынгдæр тыхсын кæны.

Специалисттæ та зæгъынц: «Тæрсын сæ æппындæр нæ хъæуы. Рауагъдонтæн æппæт фадæттæ дæр ис сæ зонындзинæдтæ æмæ аиппытæ сбæрæг кæнынæн æмæ сыл афоныл бакусынæн».

Скъоладзаутæ сæхи фæлварæнтæм куыд цæттæ кæнынц æмæ сын уæлæмхасæн зонындзинæдтæ райсынæн цы арæзт цæуы, ууыл дзуры нæ уацхæссæг.

Киновывтæм кæсыны бæсты – чингуытæ кæсын. Компьютерон хæзтыты бæсты, уынгмæ кæнæ паркмæ ацæуыны бæсты та паддзахадон фæлварæнты тестытæм гæсгæ куыст кæнын. 11-æм къласы ахуырдзау Киситы Кристинæ йæхи рагацау цæттæ кæнын райдыдта иумæйаг фæлварæнмæ. Фæнды йæ уæлдæр скъолатæй иуы студент суæвын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æнæнхъæлæджы нæ уыдзæн, уымæн мæ сæм рагацау цæттæ кæнын кæй райдыдта йæхи.

Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм бындуронæй цæттæ кæнынц. Цæмæй рауагъдонтæ сæхи уæндондæрæй æнкъарой, уый тыххæй сын æппæт æрмæджытæ бæстон бамбарын кæнынц, аразынц сын уæлæмхасæн уроктæ.

Татьяна Мельситова, 44-æм скъолайы химийы ахуыргæнæг: «Фæлварæнтæм цæттæгæнæн куыст бæстон кæнæм. Ис нæм сæрмагонд æмæ ахуырадон чингуытæ. Ссардтам хорз нырыккон дидактикон æрмæджытæ æмæ семæ кусæм. Раст зæгъгæйæ, рæстæг дæр нын ис, алцæуыл æххæссæм. Сывæллæттæ бамбарынц æрмæджытæ. Искæйы ма исты æххуыс куы бахъæуы, уæд фæскуыст дæр баззайæм семæ».

Фæлварæнты агъоммæ тыхсын райдайынц скъоладзаутæ дæр, сæ ныййарджытæ дæр. Специалисттæ та загъынц: «ацы рæстæг рабæрæг вæййынц æппæт хъæндзинæдтæ дæр. Æмæ бацархайын хъæуы сæ аиуварс кæныныл». Уымæй уæлдай алы скъоладзауы бон дæр у ахуырады хæрзхъæддзинад бæрæггæнæг центрмæ æмæ тестты хуызы сбæрæг кæнын, бакусын ма цæуыл хъæуы, уыцы предметтæ æмæ фарстатæ.

Центры специалисттæ скъоладзаутæн скодтой рагагъоммæ паддзахадон фæлварæн. Республикон бюджеты фæрæзтæй 11-æм къласонтæн сарæзтой тестытæ уырыссаг æвзагæй, 9-æм къласонтæ та сæ тыхтæ бафæлвæрдтой математикæйæ. Ныртæккæ эксперттæ кæсынц сæ куыстытæм. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ та сты ахæм.

Людмилæ Пашаева, уырыссаг æвзагыл нывæцæнтæ бæрæггæнæг къамисы сæрдары хæдивæг: «Тынг хорз куыстытæ ныффыссынц. Вæййы афтæ æмæ кæцыдæр куыстытыл дис фæкæнæм æмæ сыл зæрдиагæй бацин кæнæм. Ахæм цæттæдзинад та ныфс дæтты – ацы азы рауагъдонтæ фæлварæнты рæстæг æвзæр бæрæггæнæнтæ кæй нæ равдисдзысты, уый. Зæгъæн ис скъоладзауты цæттæдзинад хорз у».

Хорз бæрæггæнæнтæ райсын кæй фæнды, уыдонæн центры кæндзысты уæлæмхасæн æххуыс. Сæ зæрды ис фæлварæнтæм цæттæгæнæн центр байгом кæнын. Скъоладзаутимæ дзы кусдзысты предметон къамисты хуыздæр æксперттæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Центры сæйраг нысан уыдзæн сывæллæтты фæлварæнтæм афтæ бацæттæ кæнын, цæмæй сæ зонындзинæдтæ дæр хорз уой, психологон æгъдауæй дæр цæттæ куыд уой. Уæвгæ кæд фæлварæнтæм домæнтæ фæкарздæр сты, уæддæр сæ скъоладзаутæ хъуамæ ма тæрсой æмæ æмбарой – фæлварæн раттын алкæмæн дæр йæ бон у.

Батрадз Увижев, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министрады цæстдарæн хайады хицау: «Цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдон иууылдæр конд сты уый тыххæй, цæмæй сывæллæтæ хорз зонындзинæдтæ дæр райсой, фæлварæнтæ дæттын дæр ма тæрсой. Куыд æй бамбарой видеокамерæтæ æвæрд сты уый тыххæй æмæ иннæты асайынмæ чи хъавы, уыдон рабæрæг уой. Йæхæдæг, йæхи зондæй фæлварæн чи дæтты, уыдонæн тæссаг æппындæр нæу».

Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады æмбарын кæнынц – алчидæр хъуамæ ууыл ма хъуыды кæна, кæй æххуысæй радта фæлварæн ууыл, фæлæ архайа арф æмæ бæстон зонындзинæдтæ райсыныл. Уымæн та фадæттæ æмæ гæнæнтæ ис.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania