04 сентября 2020, 14:42
Скъолатæм бакъахдзæф кæндзысты 90 мин скъоладзауæй фылдæр
Уыдонæй 9 мины æмæ 700 адæймаджы сты фыццæгæмкъласонтæ
Скъолатæм бакъахдзæф кæндзысты 90 мин скъоладзауæй фылдæр. Уыдонæй 9 мины æмæ 700 адæймаджы сты фыццæгæмкъласонтæ. Ахуырады министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фыццæгæм кълæстæм курдиæттæ исдзысты 5 сентябрмæ æмæ уый тыххæй гæнæн ис æмæ скъоладзауты нымæц аива. Зонындзинæдты бонимæ баст кадджын линейкæтæ арæзт æрцæудзысты Уæрæсейы фæлхасадмæ цæсатдарды домæнтæм гæсгæ. Архайдзысты дзы æрмæстдæр фыццæгæм æмæ иуæндæсæм кълæсты ахуырдзаутæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм 3-17 августмæ бæрнон ведомствотæ бæрæг кодтой скъолаты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ. Профилон министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ æппæт сæдæ нæуæдз скъолайы дæр сты цæттæ.
темæмæ гæсгæ




