филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 суббота, 31 января 2026
17 января 2023, 11:31
Скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæджы сметæтæ хъуамæ бæлвырдгонд цæуой рæвдздæр

Ахæм хæслæвæрд Сергей Меняйло радта аппаратон æмбырды

Скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæджы сметæтæ хъуамæ бæлвырдгонд цæуой рæвдздæр. Ахæм хæслæвæрд Сергей Меняйло радта аппаратон æмбырды. Куыд ма загъта, афтæмæй январы кæронмæ районты сæргълæуджытæ хъуамæ бацæттæ кæной, бындурон арæзтады объекттæм гæсгæ фæндонтæ. Аппаратон æмбырды ма дзырдтой трамвайты тыххæй дæр. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма афæдзы райдиан  горæтмæ æрбаластой ноджыдæр 2 ног трамвайы. Хæстæгдæр рæстæг цæттæ уыдзæн ретро-трамвайы эскиз дæр. Æрныхас ма кодтой национ туроператор саразыныл дæр. Республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ, туризмы комитет къуырийы кæронмæ бакусдзæн ацы темæйыл. Сергей Меняйло ма йе ргом аздæхта хæстон мемориалты уавæрмæ. Профилон ведомствæтæм фæсидт, цæмæй сæм 9-æм маймæ базилой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania