филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:17 воскресенье, 01 февраля 2026
28 августа 2019, 13:54
Скъолаты чырæ телефонтæй пайда кæнынæн уыдзæн карздæр фæтк

Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управлени, рухстауыны Министрад, ахуырадмæ цæстдарды управлени æмæ Уæрæсейы ахуырады академи иумæ бакуыстой методикон амынддзинæдтыл, иумæйагахуырадон скъолаты разамонджытæн

Скъолаты чырæ телефонтæй пайда кæнынæн уыдзæн карздæр фæтк. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управлени, рухстауыны Министрад, ахуырадмæ цæстдарды управлени æмæ Уæрæсейы ахуырады академи иумæ бакуыстой методикон амынддзинæдтыл, иумæйагахуырадон скъолаты разамонджытæн. Уым бæлвырд фыст ис, сывæллæттæн чырæ телефонтæй ахуыргæнæндæтты пайда кæнæн бирæ кæй нæй, уый. Ацы хъусынгæнинаг мыхуыргонд æрцыд нæ бæстæйы рухстауæн Министрады сайты. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй скъолаты разамонджытæн бабар кодтой æркæсын, цæмæй скъоламæ бахизгæйæ, телефонтæ ивой æнæзæлтæй фæткмæ. Уымæй дарддæр скъоладзаутæ хъуамæ ахуырадон процессы рæстæг къаддæр пайда кæной мобилон бастдзинадæй. Фæлæ ныййарджытимæ бастдзинад хъуамæ уа, уæлдайдæр та æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг. Методикон амынддзинæдтæ скъолатæм æмæ региналон департаменттæм бахæццæ уыдзысты 1-æм сентябры онг. Сæ тыхы дæр уæдæй бацæудзысты. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзы дæргъы кæсдзысты, скъоладзауты æнæниздзинад фæхуыздæр, æви нæ, уымæ. Ахуырадмæ цæстдарды Управлени та хатдзæгтæ скæндзæн ахуырадон процессы ахадындзинадмæ æнæ чырæ телефонтæй. Раздæр Федерацийы Советы сæрдар Валентина Матвиенко уæвгæ дæр исын кодта телефонтæ скъоладзаутæй. Ныртæккæ уый тыххæй бæрнон ведомствотæ цæттæ кæнынц æмбæлгæ гæххæттытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania