филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:11 суббота, 28 марта 2026
27 марта 2026, 10:43
Скъолаты театралон равдыстыты конкурс «Театралон уалдзæг – 2026» райдыдта сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны

Сæ куыстытæ æрбаластой 20 къорды Цæгат Ирыстоны алы районтæй

Скъолаты театралон равдыстыты конкурс «Театралон уалдзæг – 2026» райдыдта сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны. Сæ куыстытæ æрбаластой 20 къорды Цæгат Ирыстоны алы районтæй. æвзонг артисттæ равдыстой дæсгай номертæ ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтыл. Жюрийы хыгъдмæ бацыдысты культурæйы æмæ аивады архайджытæ, педагогон æхсæнады минæвæрттæ. Ацы аз равдыстыты темæ уыд «Сабидуг». Конкурсы ис 3 номинацийы: «Драмон спектакль», «Музыкалон спектакль» æмæ «Спектакль тандем». Архайджытæн æмæ аивадуарзджытæн раарфæ кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Сывæллæттæн йæ зæрдæ загъта сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania