филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:54 пятница, 17 мая 2024
03 ноября 2021, 11:41
Скульптор Цъæритты Зауыры куыстытæ хицæн кодтой сæ хуызæй æмæ сæ мидисæй

Йæ цардæй ахицæн 10 азы размæ, фæлæ йæ дæсныйады фæд фенæн ис Дзæуджыхъæуы æмæ Гуырдзыйы уынгты, стæй Испанийы фæзты

Скульптор Цъæритты Зауыры куыстытæ хицæн кодтой сæ хуызæй æмæ сæ мидисæй. Йæ цардæй ахицæн 10 азы размæ, фæлæ йæ дæсныйады фæд фенæн ис Дзæуджыхъæуы æмæ Гуырдзыйы уынгты, стæй Испанийы фæзты. Фæлæ сæйрагдæр та – мастер цы хæдзары царди, уым. Йæ скульптурæтæ йын цæстыгагуыйау хъахъхъæны йæ цардæмбал Лили. Уазæгуаты йæм уыди не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Скульптор Цъæритты Зауыры æрмадзы ныртæккæ фенæн ис йæ куыстыты чысыл хай. Шамот, бæлас, гипс, гæххæт – нывгæнæг арæзта формæтæ æмæ сæ иу рауайын кодта æмбал кæмæн нæй, ахæм композицитæ. Йæ нывтæ сты хицæн адæймæгты коллекциты æгас дунейы. Нывгæнæг аивады фыццаг къахдзæфтæ скодта 60 азты, Горийы.

Тбилисийы аивадон академийы рауагъдоны хуыдтой Церетелимæ кусынмæ, фæлæ Зауыр равзæрста хæдбар нывгæнæджы хъысмæт. Гуырдзиаг-ирон ныхлæуды фæстæ нывгæнæг йæ бинонтимæ ралыгъд Ирыстонмæ, йемæ та рахаста йæ куыстыты иу хай æмæ сæ хæдзары рæхыс. Хæдзар сарæзта йæх тыхтæй, йæхи иу куыстæй иннæмæ æппæрста, фæлæ уыцы иу рæстæг сфæлдыстад иу бон дæр рохгонд не рцыд.

Чысыл Никъалайы фæлгонц ис Тбилисийы нывкæныны аивады музейы. Йæ нывтæ сфидауын кодтой Испани, Гуырдзы, Ростов æмæ Дзæуджыхъæуы уынгтæ. Никитины уынджы цы панно ис, уым æвдыст у зæронд горæт. Йæ разы та Дзæуджыхъæуы символтæ — Суниттаг мæзджыт æмæ Ирон аргъуан сæ рагон фæлысты. Кæд ныр сæ хуыз раивтой, уæддæр Цъæритты Зауыры сфæлдыстады руаджы æнусты цæрынц.

Цъæритты Зауыры сфæлдыстадмæ разæнгард кодта йæ цардæмбал Лили. Уый йæ скульптурæты алыварс ныссагъта дыргъцæхæрадон, цæмæй сæ къæвда æмæ митæй бахъахъхъæна. Йе рхъуыдыгонд нывтæй бирæтæн дыккаг комулæфт радтой нывгæнæджы мæлæты фæстæ. Зæгъæм, мæнæ ацы бронзæ сылгоймаг-кæсаг. Бирæты фæндыд йæ балхæнын, фæлæ нывгæнæджы бинонты нæ фæнды сæ фыды куыстытæ сæ разæй дард ранмæ ауадзын.

Цъæритты Заур йæ цардæй ахицæн дæс азы размæ. Йæ ном та хъыгагæн сеппæтæн зонгæ 6нæу. Фæлæ нывгæнæджы сфæлдыстад у æнусон æмæ йæ руаджы Цариты Зауыры ном кæдфæндыдæр цæрдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania