филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 воскресенье, 29 сентября 2024
29 января 2020, 12:42
Слестгæнæн комитет кæны бæрæггæнæн куыст, Кæлухы зынгсирвæзты иу адæймаг кæй фæмард, уый фæдыл

Ведомствойы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй, рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд цæлгæнæны, электрон тыхдæттæг телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый аххосæй

Слестгæнæн комитет кæны бæрæггæнæн куыст, Кæлухы зынгсирвæзты иу адæймаг кæй фæмард, уый фæдыл. Ведомствойы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй, рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд цæлгæнæны, электрон тыхдæттæг телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый аххосæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, зынгсирвæзт æрцыд Калухы цæрæн хæдзерттæй иуы, 26-æм январы æхсæвы. Фæмард дзы 51-аздзыд нæлгоймаг, 9 сывæллоны фыд. Йæ бинонтæ аирвæзтысты. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр фыдбылызы тыххæй.

Кæд цалдæр боны рацыд, уæддæр ма зынгсирвæзты бынат зæрдæриссæны хуызæн у. Хæдзар уыд самандурæй арæзт, хъæдæрмæгимæ. Ссыгъди хæрзцыбыр æмгъуыдмæ, зæгъынц сыхæгтæ. Уыдон æвдисæн уыдысты ацы бæллæхæн. Кæстæр фырттæй иу – 14-аздзыд Мустафа куы нæ уыдаид, уæд фыдбылыз фылдæр зиан æрхастаид. Уый райхъал кодта се ппæты дæр. Нæ фæтарсти, уыимæ сарæхсти, рудзынг басаста, æмæ дзы рахизын кодта йæ мад æмæ йæ хойы. Æхсæвы бадзырдта йæ сыхаг Дзидзойты Мæирбегмæ.

Джыккайты Мæирбег, бинонты хистæр, цæмæдæр гæсгæ мидæгæй баззад. Æмæ йæ бон артæй рацæуын нал баци. Зынгхуссынгæнджытæ тагъд æрбацыдысты, фæлæ сын нæлгоймаджы аирвæзын кæнын нал бантыст. Афтæмæй 9 сывæллоны баззадысты æнæ дарæгæй. Рæстæгмæ уал æрцардысты сæ хæстæджытæм.

Бинонтыл батыхстысты се ппæт дæр – хæстæджытæ, сыхæгтæ, районы разамынд. Баххуыс сын кодтой, æмæ зианы хæрдзтæ райстой сæхимæ. Бацархайдзысты сын цæрæнуат самал кæнынæн дæр. Фарста алыг кæндзысты, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд.

Уымæй дарддæр ма нысан кæнынц сæрмагонд хыгъд байгом кæнын, æмæ сын æхцайæ баххуыс кæнын. Йе ххуысы хай бахæссыны фадат ис алкæмæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania