филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 воскресенье, 01 февраля 2026
13 декабря 2023, 11:31
Социалон æмæ барадон æххуыс бакæнын

Уæлдайдæр та кæмæн æмбæлы, æмæ тынг кæй хъæуы, уыдонæн

Социалон æмæ барадон æххуыс бакæнын. Уæлдайдæр та кæмæн æмбæлы, æмæ тынг кæй хъæуы, уыдонæн. Ам ныхас цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытыл, сæ бинонтыл, стæй, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстон цауты ветеранты бинонтыл дæр. Ацы фарстатимæ баст фембæлд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы разамынды институты. Медицинæйы æмæ документаци аразыны фарстатæ, социалон æххуыс. Мадзалы архайджытæ бæстон æрныхас кодтой алывæрсыг хъуыддæгтыл. Алкæцы дæр дзы ныртæккæйы царды у ахадгæ. Æмбырды сæйраг нысан – канд ахсджиаг фарстатыл аныхас кæнын нæ, фæлæ ма сæ алыг кæныны мадзæлттæ ссарын. Кæронбæттæны бакуыстой бæлвырд амынддзинæдтыл, сæрмагондæй хицаудзинады оргæнтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania