филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:46 среда, 17 декабря 2025
08 февраля 2025, 10:15
Социалон-экономикон рæзты мадзæлтты пълан куыд æххæстгонд цæуы, ууыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым

Документмæ хаст ис æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, культурæйы, спорты, фæндæгты инфраструктурæйы, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ æрдз хъахъхъæныны къабæзтимæ баст 112 мадзалы

Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты мадзæлтты пълан куыд æххæстгонд цæуы, ууыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым. Документмæ хаст ис æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, культурæйы, спорты, фæндæгты инфраструктурæйы, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ æрдз хъахъхъæныны къабæзтимæ баст 112 мадзалы. Сæ иумæйаг аргъ 19 миллиарды æмæ 4 сæдæ милуан сомы. Се хсæн – Беслæны райрæзты генералон пъланы объекттæ. Ныридæгæн эксплуатацийы лæвæрд æрцыди 62 объекты. Афтæ, кæронмæ реконструкцигонд æрцыди Октябрьскæйы поликлиникæ, стадион «Пищевик», Беслæны сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар, Алагиры кинотеатр «Комсомолец». Модернизацигонд æрцыдысты республикæйы хъæуты коммуналон инфраструктурæйы объекттæ, Беслæны сног кодтой фæндæгтæ. Æрыдоны арæзт æрцыди физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс, Беслæны тагъд æххуысы станцæ, Черменыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндон æмæ афтæ дарддæр. Ацы аз дарддæр  цæуы Дур-Дуры скъолайы рацарæзт, Елхоты культурон рæзты центры арæзтад. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, хицауады сæрдар профилон ведомствæты размæ сæвæрдта, куыстытæ афоныл æххæст кæныны хæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania