филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:26 суббота, 04 мая 2024
16 апреля 2013, 16:57
Социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй инвæлид адæмæн дарддæр лæвæрд цæуынц коляскæтæ

«ОТТО БОКК Сервис»-имæ цы æмгуыстады бадзырд бафыстой, уый æххæстгæнгæйæ рæхджы Фонд райсдзæн 62 кресло-коляскæйы. Сæ иумæйаг аргъ у 750 мин сомы. Инвæлидты протезон-ортопедон дзаумæттæй сифтонг кæнынæн фидаргонд æрцыд 22 бадзырды, сæ аргъ у 10 милуан сомы.

Социалон фæдзæхстады фонды цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй инвæлид адæмæн дарддæр лæвæрд цæуынц коляскæтæ.

«ОТТО БОКК Сервис»-имæ цы æмгуыстады бадзырд бафыстой, уый æххæстгæнгæйæ рæхджы Фонд райсдзæн 62 кресло-коляскæйы. Сæ иумæйаг аргъ у 750 мин сомы. Инвæлидты протезон-ортопедон дзаумæттæй сифтонг кæнынæн фидаргонд æрцыд 22 бадзырды, сæ аргъ у 10 милуан сомы. Афæдзмæ ма республикæ райсдзæн 595 кресло-каляскæйы, 7 милуан сомы аргъæн.

Айларты Зæлинæ, Социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады управленийы разамонæг: «Мах социалон фæдзæхстады фондыл æвæрд ис хæс цæмæй мæнæ инвалидтæ кæй хонæм, сахъат адæм, уыдонæн цæмæй дæттæм коляскæтæ, памперстæ, хъуысæй æвзæр чи хъусы, уыдонæн аппарате. Бирæ сты, номхыгъды 40 фылдæр. йер коляскæты кой куы кæнæм, уæд 2005 азæй фæстæмæ уыцы фарстатæ махыл æвæрд сты. Æмæ алы аз дæр 700 фылдæр раттæм коляскæтæ. Фарон махмæ æрхауд 448 коляскæйы æмæ сæ раттам дохтырты амындмæ гæсгæ кæмæн æмбæлдис, уыдонæн. Ацы аз курдиат балæвæрттам 595 коляскæйæн æмæ нын æй сæххæст кодтой. Абоны бонмæ дзы байуæрстам 200-йæ фылдæр. Йер куыддæр æрбацæуынц уыцы гæххæттытæ, афтæ сæ мах кусджытæ иу-дыууæ къуыримæ байуарынц кæмæн æмбæлы, уыдонæн. Æмæ адæм сты бузныг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania