Йæ рæстдзинад сбæрæг кæныны тыххæй Цæгат Ирыстоны прокуратурæ райдыдта иртасæн куыст
Фæстаг рæстæг социалон хызты арæх фенæн ис, Уыналы æрзæткъахæн фабрикæйы хауæццæгтæ фесафынимæ баст æрмæг. Йæ рæстдзинад сбæрæг кæныны тыххæй Цæгат Ирыстоны прокуратурæ райдыдта иртасæн куыст. Ведомствотйы пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй бæрæггæнæн куысты фæстæ сбæлвырд кæндзысты мадзæлтты пълан. Хъуыддагыл та уавæр куыд у, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.
Цæугæдон Æрыдонмæ цы буаргъæдтимæ дон кæлы, ууыл стыхстысты, канд æхсæнад нæ, фæлæ экологтæ æмæ æрдзон æвæрæнты министрады специалисттæ, республикæйы прокуратурæйы минæвæрттæ дæр.
Фæлæ гуырысхойаг разынд цæугæдонмæ цæмæй ламидæттæ ма цæуа, уымæй дзы цы бетонæй арæзт къул ис, уый – дзуапп нæ дæтты æппæт æмбæлгæ техникон домæнтæн. Уæлдайдæр æрзæткъахæны буаргъæдтæ кæм уыдысты, уыцы ран. Арæзтæдтæ хъуамæ фидаргонд уой иттæг хорз.
Дзыхъ скъахтой фæндаджы бындурон цалцæджы рæстæг, цæмæй уарындæттæ ма хъыгдарой, уый тыххæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фахсæй цæуæг дæтты аххосæй Транскамы уаццаг доны бын фæвæййы, æмæ фæндаггон кусджытæ ссардтой ахæм гæнæн.
Подрядон организацийы кусджытæ сæрмагонд гæнæнты фæрцы ныффидар кодтой, фылдæр дон кæуылты цæуы, уыцы бынæттæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, раст фæндон у, фæлæ, æнæмæнг, фаг нæу цæугæдон хауæццæгтæй бахизынæн.
Æрдзон æвæрæнты министрады минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй, ныридæгæн Æрыдоны цæугæдонæн хауæццæгтæй тæссаг нæу, фæлæ цæмæй фидæны уавæр ма февзæрдæр уа, уый тыххæй та амæлттæ арын хъæуы.
Ныртæккæ та фарстайаг у, чи хъуамæ бакуса ацы дондзæуæныл. Фæлæ йæ алыг кæнынæн бирæ рæстæг кæй нæй, уый æмбарынц специалисттæ.




