филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:13 вторник, 03 ноября 2026
06 августа 2025, 10:33
Социалон контракт ахæм паддзахадон æххуыс уæлдай ахсджиаг у, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн

Цæгат Ирыстоны ныридæгæн бафыстой 20 контракты

Социалон контракт, куыд хи бизнес байгом кæныны гæнæн. Ахæм паддзахадон æххуыс уæлдай ахсджиаг у, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн. Цæгат Ирыстоны ныридæгæн бафыстой 20 ахæм контракты. Грант райсыны хъуыддаджы æххуыс кæнынц «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды социалон координатортæ. Бæлвырддæр  радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Томайты Артур ныр къофийы тыххæй алцыдæр зоны. Алы хуызтæн сæ ад куыд хицæн кæны æмæ цæимæ баст у. Зæгъæм, «Эфиопи» у цитрусы адимæ, «Колумби» — шоколады. Артур ахуыр кæны, доны температурæ аромат раргом кæныныл куыд ахады, æмæ æндæр лыстæг хъуыддæгтæ. Къофи кæм кæнынц, ахæм бынат байгом кæнын йæ рагон бæллиц уыд. Сæххæст кæнын æй баххуыс кодта паддзахад.

Цалдæр мæйы размæ дæр ма йæ цард бынтон æндæр уыд. Томайты Артур у фистæг æфсæддон, хæстон цауты ветеран, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг. Гæрзифтонг тыхты йæ фæндаг райдыдта 2021-æм азы, афæдзы фæстæ ацыд фронтмæ. Уæхскæй-уæхскмæ йæ хæллæрттимæ æххæст кодта сæ размæ æвæрд хæстæ. Фыццаг цæфы фæстæ æрыздæхт хæсты быдырмæ. Дыккаг цæфы фæстæ йæ цард аивта.

Хæдзармæ æрыздæхт æрмæстдæр размæ цæуыны фæндонимæ. Уæд æм сæвзæрд хъуыды – йæ тыхтæ бизнесы афæлварын.

Хи бизнес райдайын Артурæн баххуыс кодтой «Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты» фонды, социалон контракты уылты. Уым æй сахуыр кодтой амалхъомдзинады бындуртыл. Социалон контракт у, национ проекттæм гæсгæ, цы æххуысы мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц, уыдонæй иу.

Цæгат Ирыстоны ныридæгæн гранттæ райстой сæрмагонд æфсæддон операцийы 20 архайæджы. Паддзахадон æххуыс райсын у, куыст чи агуры, бизнесæй архайын, кæнæ хи хæдзарад дарын, кæй фæнды, уыдоны бон.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania