филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:33 воскресенье, 01 февраля 2026
14 января 2025, 10:53
Социалон проект «Лесотерапия для каждого» уæрæхдæр кæны йæ арæнтæ

Станцæтæй иу рæхджы фæзындзæн Уæлахизы Парчы территорийы Мæздæджы

Социалон проект «Лесотерапия для каждого» уæрæхдæр кæны йæ арæнтæ. Станцæтæй иу рæхджы фæзындзæн Уæлахизы Парчы территорийы Мæздæджы. Ныр та уал проекты бындурæвæрæг Тотраты Линæ æмæ йе мкусджытæ архайынц Фыццæгты Змæлды волонтерты æмæ Мæздæджы администрацийы æххуысæй. Тезгъогæнæн коляскæтæй спайда кæныны бон у алкæмæн дæр. Уымæй дарддæр, районы центры цæрджытæн æмæ уазджытæн фадат ис авторон цай ацымынæн, сугтыл фых самоварæй. Волонтертæ сæхæдæг сæмбырд кæнынц кæрдæджытæ, æмæ дзы скæнынц витаминтæй дзаг цай. Ахæм тезгъо фадат дæтты хи хуыздæр банкъарынæн. Тотраты Линæ йæхæдæг хорз зоны, цы зындзинæдтыл æмбæлынц, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæм. Уымæ гæсгæ ацы проект царды æххæст кæнын нымайы тынг ахсджиагыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania