филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:52 вторник, 16 декабря 2025
04 февраля 2013, 11:25
Советон æфсæдтæ Мæздæг фашисттæй куы суæгъд кодтой, ууыл рацыд 70 азы. Уый кадæн районы культурæйы галуаны арæзт æрцыд фембæлд

Районы алы скъола дæр бацæттæ кодта къулыгазет.Сæ тематикæ уыд уыцы фыдæвзарæн хæсты тыххæй историон цаутæ ныффыссын, адæмы базонгæ кæнын, чи дзы хæцыд, уыцы хæстонтимæ, чи фæмард, уыдоны æрымысын.

Районы алы скъола дæр бацæттæ кодта къулыгазет. Сæ тематикæ уыд уыцы фыдæвзарæн хæсты тыххæй историон цаутæ ныффыссын, адæмы базонгæ кæнын, чи дзы хæцыд, уыцы хæстонтимæ, чи фæмард, уыдоны æрымысын. Галуаны бацæуæны æфсæддон оркестр кодта хæстон зарджытæ æмæ цæгъдтытæ. Уыдонмæ хъусгæйæ, æрбацæуæг ветерантæн сæ цæссыг бауромын сæ бон нæ уыд.

Галуаны сæйраг залы ацыд кадджын мадзал. Районы сæргълæууæг Лариса Селиванова æмæ Мæздæджы администрацийы разамонæг Любовь Токарева се ппæтæн дæр раарфæ кодтой ацы стыр бæрæгбоны фæдыл. Кавказы хæстыты чи архайдта, уыдонæн радтой риуылдаргæ нысантæ. Фембæлдмæ æрбацыд бирæ фæсивæд.

Зæгъын хъæуы уый æмæ ам алы кары адæм лымæнæй цæрынц. Кæстæртæ кад кæнынц сæ буц хистæртæн. Уæлдай сæрæстыр сты, дуне фашисттæй чи суæгъд кодта, уыцы хъайтартæ сæ фарстмæ кæй цæрынц, уымæй. Абоны рæсугъд цардмæ бæлгæйæ, йæхи знагæй æмæ зындзинæдтæй чи не мбæхста, фæзминаг сын чи у, уыдон. Алчидæр сæ йæ хæсыл нымайы ветеранты рæвдауын æмæ сæ буц кæнын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania