филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:29 суббота, 31 января 2026
13 декабря 2022, 12:15
Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къолайы райгуырдыл сæххæст 100 азы

60 азæй фылдæр æгæрон лæггад кодта аивадæн

Советон Цæдисы адæмон артист, Тæбæхсæуты Балойыл номыл ирон академион театры ирддæр актертæй иу Саламты Къолайы райгуырдыл сæххæст 100 азы. 60 азæй фылдæр æгæрон лæггад кодта аивадæн. Уымæ гæсгæ, Ирыстоны культурæмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый у хицæн ныхасы аккаг. Театралон режиссер, драматург, педагог. Æмæ ма уыимæ – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг дæр. Уарзондæр артисты цардвæндагыл афæлгæст нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Советон Цæдисы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Саламты Къолайы 100 азы райгуырды боны кадæн, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры арæзт æрцыд номарæн мадзал. Хуынд æм æрцыдысты курдиатджындæр артисты аивад уарзджытæ. Уыдоны хсæн – республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ раныхасы регионы разамонæг се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, Къола нæ бæстæйы культурæмæ цы вæрæн бахаста, уый.

Ирыстоны аивады тырыса бæрзонд чи систа, уыдонæй иу уыд нæ бæстæйы адæмон артист Саламты Къола. Нæ театралон æмæ киноаивады ныууагъта ирд æмæ æнæферохгæнгæ фæд. Уæдæ йæ йе мкусджытæ дæр хъуыды кæнынц куыд куырдиатджын æмæ куыстуарзаг адæймаг. Удыхъæд кæддæриддæр сæйраг уыд курдиатджын артистæн. Аивад уарзаг адæм Къолайы зыдтой бирæ спектакльтæй: «Фыдæлты намыс», «Царды бын», «Мæ усы мад» æмæ бирæ æндæр постановкæтæй. Ирон театры артист Къуымæллæгкаты Владимир мысæн изæры равдыста «Мæ усы мадæй» скъуыддзаг – Дженайы фæлгонц. Куыд зæгъы, афтæмæй Саламты Къолайы хъайтартæн ног цард раттын ахсджиаг хъуыддаг у.

Къуымæллæгкаты Владимир, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры актер: «Къола уыд тынг хорз адæймаг. Куыд артист, афтæ йæм ницы фиппаинаг ис. Сарæзта бирæ сурæттæ. Иу дæр сæ рафауинаг нæу.

Ирон театры артистты рæнхъытæ Саламты Къола баххæст кодта 1941-æм азы. Фæлæ йын йæ аивадон фæндаг ныкъуылымпы кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ног хъайтары хъысмæт ахуыр кæныны бæсты ахуыр кодта танкимæ архайыныл. КамЫшины номыл æфсæддон училищæйы фæстæ сси танк Т-34-йы экипажы раздзог. Хæсты хæцыд кæрæй кæронмæ, æмæ уæлахизы 45-æм аз æрæздæхт йæ фыдыуæзæгмæ. Къолайы хæстæг Тлаттаты Эммæйы ныхæстæм гæсгæ хæсты цауты тыххæй дзурын нæ уарзта. Уымæн æмæ дзы райста уæззау цæф.

Къолайæн сценæйы йæ алы фезмæлдмæ дæр æнхъæлмæ кастысты цымыдисæй. Цы сурæттæ сарæзта, уыдон кæрæдзийы хуызæн никуы уыдысты. Уæлдай тынгдæр уарзта комедийы хъазын. «Мæ усы мад», «Сæтти æмæ Бæтти». Æнæ Къолайæ чи нæ фидауы, уыцы пьесæтæ. Уæдæ æнгом баст уыд киноаивадимæ дæр. «Чермен», «Сюрприз», «Чегери». Архайдта 20 кинонывы. 14-ы йын режиссер уыд Бырнацты Измаил.

Уæдæ йæ хуыз аивынымæ дæр Саламты Къола уыд дæсны. Йæхæдæг сахуыр грим кæныныл. Алы спектаклы размæ – иу йæхи афтæ аивта, æмæ йæ зонгæ дæр нал кодтой. Йæхицæй уыд тынг домаг. Куыста йæ бакастыл, дæсныйадыл, стæй равдыстыты сюжеттыл. Театралон сурæттыл дæр архайдта йæхæдæг.

Саламты Къолайы биографи æмбырд кодтой Æрыдоны культурæйы æмæ историйы музейы дæр. Ис дзы, фронтæй йæ ныййарджытæм цы фыстæджытæ æрвыста, уыдон, æфсæддон хæрзиуджытæ, стæй ма сценикон уæлæдарæс дæр. Музейы сæйраг бынат ахсы пьесæ «Мæ усы мад»-ы хъайтар Дженайы уæлæдарæс. Уæдæ артисты хъуыды кæнынц йæ райгуырæн хæдзары къултæ дæр. Ныр у музей. Алкæмæн дæр йæ бон у æрбацæуын, Къола кæм бадти, уым æрбадын æмæ ма йын æрдæгыл фыст цы пьесæтæ баззад, уыдон дæр фенын.

Саламты Къола нымад уыд нæ бæстæйы хуыздæр артисттæй иуыл. Уымæн йе ппæт сценикон архайды – трагеди æмæ драмæйы, комеди æмæ сатирæйы раргом сты йæ курдиаты уæрæх авналæнтæ. Уымæ гæсгæ театры ирд стъалы – Саламты Къола кæддæриддæр цæрдзæн адæмы зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania