филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:33 четверг, 12 июня 2025
17 мая 2025, 10:39
Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Габысаты Хъамболат сæххæст 95 азы

Схъомыл кодта чемпионты, бафæрæзта хæсты зындзинæдтæн, æмæ абоны онг цæры спортæй

Номдзыд ахуыргæнджытæ æрмæст зонындзинæдтæ нæ дæттынц, баззайынц сæ ахуыргæнинæгты зæрдæты. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у Габысаты Хъамболат – Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ацы бонты йыл сæххæст 95 азы. Схъомыл кодта чемпионты, бафæрæзта хæсты зындзинæдтæн, æмæ абоны онг цæры спортæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Уарзон ахуыргæнинагимæ фембæлд – æнæнхъæлæджы лæвар у юбилеймæ. Телефонæй кæд арæх фæдзурынц, уæддæр комкоммæ аныхас кæнын æмæ æрхъуыды кæнын ивгъуыд рæстæг уæлдай æхсызгон у. Мысинæгтæ та чысыл не сты. Габысаты Хъамболаты профессионалон фæндаг спорты райдыдта 70 азы размæ. Уæгъдибар хъæбысхæст та йæ зæрдæмæ цыд нырма æвзонг лæппуйæ, йæ райгуырæн Даргъ-Къохы куы цард, уæд. Хъæуы спортивон секци нæ уыд. Скъолайы фæстæ дæр та йæ йæ бæллицмæ не вдæлыд. Æфсад… Хъамболат службæ кодта Белоруссийы, уый фæстæ советон æфсæдты рæнхъыты Китайы. Йæ рагон фæндон сæххæст кæнын къухы бафтыд 5 азы фæстæ, сæхимæ куы æрыздæхт, уæд.

Афтæ райдыдта йæ бæллицмæ фæндаг. Фæлæ уал раздæр Габысаты Хъамболат кусынмæ бацыд вагæттæ цалцæггæнæн заводмæ, уыцы иу рæстæг йæхæдæг дæр тренировкæ кодта. 40 азы йыл куы цыд, уæд фæлтæрдджын спортсмен уæвгæйæ, каст фæцис физкультурæйы факультет. Уый фæстæ та, спортивон скъола «Локомотив»-ы, куыд хистæр тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй, афтæ схъомыл кодта Дунейы æмæ Европæйы чемпионты.

Хуыздæртæ уæвыныл йæ ахуыргæнинæгты ахуыр кодта йæхи дæнцæгыл. 3 хатты сси спортивон æхсæнад «Локомотив»-ы Центрон советы уæлахиздзау, уыд профцæдисты Æппæтцæдисон центрон советы чемпион. Бирæ спортменты фæндыд æнæмæнг ацы тренермæ бахауын, уымæн æмæ фыццаг цæстæнгасæй йæ бон уыд æвзонг лæппуты курдиат раиртасын.

Габысаты Хъамболатæн бантыст кинойы ахъазын дæр. Æрбахуыдтой йæ киноныв «Донская повесть»-мæ есаулы рольмæ. Бакуыста ахæм зындгонд артисттимæ, куыд Евгений Леонов æмæ Людмила Чурсина. Бавзæрста хæсты зындзинæдтæ дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветераны статус уæлдай хæстæг у йæ зæрдæйæн. Йæ риуыл бирæ спортивон хæрзиуджытæ ис, фæлæ йын зынаргъдæр сты Уæлахизы Боны кадæн юбилейон майдантæ. Габысаты Хъамболат йæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæрæн, схъомыл кодта йæхи сывæллæтты дæр – 3 лæппуйы æмæ чызджы. Сæ фыды цардвæндаг сæ ничи бафæзмыдта, фæлæ Хъамболаты уый нæ тыхсын кæны, цин кæны йæ хъæбулты хъæбултыл. Уæвгæ, бинонтыл нымайы, дæсгай азтæ спортзалы кæимæ фæцис, уыцы адæмы дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania