филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:44 воскресенье, 01 февраля 2026
05 июля 2022, 11:38
Специалисттæ сыгъдæг кæнынц Ногиры цæугæдоны донвæд

Ууыл ныхас цыд аппаратон æмбырды

Специалисттæ сыгъдæг кæнынц Ногиры цæугæдоны донвæд. Коллекторы хæтæл цы цæджындзтыл лæууы, уыдон сфидар кодтой блоктæй. Ууыл ныхас цыд аппаратон æмбырды. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады минæвæрттæ бахастой фæндон, Терчы донвæды дæргъыл сæххæст кæнын былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Сергей Меняйло бабар кодта профилон министрадтæн, стæй Дзæуджыхъæуы администрацийæн ацы фарстайыл бакусын. Республикæйы сæргълæууæг ма снысан кодта дыккаг хæс. Былгæрæттæ фидаргæнæн куыстыты рæстæг ис, арæзтадон æрмæджытæ амал кæныны фадат.

Æмбырды ма æрныхас кодтой регионы æфтиæгтыл. 80 милуан сомæй фылдæр хъалонтæ нæ исы республикæйы къазна. Быдырты цы амалхъом адæм кусынц, уыдон арендæйы фиддонтæ æнæ къуылымпыйæ æххæст кæнынц, фæлæ уыимæ хъалонтæ нæ фидынц. Æрныхас ма кодтой транзитон транспортæн рæстæгмæ æрлæууæнтæн фæзтæ самал кæныныл. Цалынмæ иуварсдзæуæн  фæндаг аразынц, уæдмæ хъæуы уæзласæн машинæты змæлд снывыл кæнын. Горæты администрацийæн бахæс кодтой, ацы хъуыддагмæ амалхъом адæмы *ргом раздахын æмæ рæстæгмæ дуканитæ сæвæрын. Хицæнæй ма æрдзырдтой, скъолаты бындурон цалцæгыл. Мæйы кæронмæ хъуамæ цæттæ уа, 2024-æм азы куыстытæ цы скъолаты райдайдзысты, уыдоны номхыгъд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania