Йæ æрдзон уавæртæ, сыгъдæг уæлдæф, æмæ адæймаджы æнæниздзинадыл хорзырдæм чи зыны, ахæм æлыг. Ам саразæн ис, Кисловодскы санаторитæй æвзæрдæр чи нæ уыдзæн, ахæм дзæбæхгæнæндон.
Заманхъуылы æлыджы зæгъæн ис, æвдадзы хос кæй у, уый бирæ зонынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ æрдзон хорзæхтæ дзæбæх кæнынц стджыты æмæ нуæртты низтæ. Джимиты Зæирæ йæхиуыл банкъардта æлыджы дзæбæхгæнæн æууæлтæ. Йæ рахиз къух йæ бон сисын нал уыд, æппындæр æй нал æмбæрста. Æлыгæй дзæбæхгæнæн цалдæр сеансы скодта, æмæ йæ низ фесæфт.
Цъæх æлыгмæ заманхъуйлæгты дард цæуын нæ хъæуы. Куыд фæзæгъынц, сæ къæхты бын ис. Æрдзон хосмæ æрбацæуынц республикæйы æндæр районтæй дæр. Амы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын æхсызгон у, æгайтдæр ма адæм цæуынц, æмæ се нæниздзинад фидардæр кæнынц.
Адæмы хъуыдым гæсгæ ам уæлдæф дæр æвдадзы хосау у. Адæймаджы æнæниздзинадыл зыны хорзырдæм. Æмбал кæмæн нæй, ахæм æрдзон æвæрæнтæ, хус æмæ сыгъдæг уæлдæф. Ацы климæт абарæн ис Кисловодскимæ. Хохмæ уæлдæр куы ссæуай, уæд дзы феæнæн ис алæмæты æхсæрдзæнтæ. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдонæны цур уæлдæф дæр адæймагæн у пайда. Специалисттæ фидарæй зæгъынц, ацы бынæттæ тынг хорз сты санаторон-дзæбæхгæнæн зонæйæн.
Заманхъуйлаг зæххы ис куыд фæзæгъынц, æрдзон хъæздыгдзинæдтæ. Ис дзы бур æлыг дæр. У тынг пайда. Геологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй Заманхъулы бур æлыг фаг у 300 азæн. Сфæлвæрдтой йæ, æмæ у, цæттæ хомаг, фидар агуыридур кæнынæн. Куыд дзы спайда кæндзысты, уымæн дæр æвдисæн уыфдзыстæм.




