филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
03 ноября 2020, 12:06
Спинально-мышечная атрофия кæй хонынц, уыцы низæй рынчын сывæллæтты 2021-æм азы 1-æм январæй фæстæмæ дзæбæх кæндзысты паддзахады хардзæ

Уæззау низтæ дзæбæх кæныныл иннæ аз хъуамæ хардзгонд æрцæуа 61 миллиард сомы

Спинально-мышечная атрофия кæй хонынц, уыцы низæй рынчын сывæллæтты 2021-æм азы 1-æм январæй фæстæмæ дзæбæх кæндзысты паддзахады хардзæй. Ахæм уынаффæ рахаста Владимир Путин. Уæззау низтæ дзæбæх кæныныл  иннæ аз хъуамæ хардзгонд æрцæуа 61 миллиард сомы. 25 мин сывæллоны райсдзысты æххуыс. Се хсæн  Бæдуаты Зæринæ дæр. Уæвгæ, нæ бæстæйы бирæ сывæллæттæ æнхъæлмæ кæсынц ацы низы ныхмæ хосмæ. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Персаты Арнеллæ æмæ Алихан дарддæр цæуынц реабилитацион курс. Ахсджиаг препарат Золгенсма райстой дыууæ мæйы размæ, баххуыс сын кодтой зæрдæхæлар адæм.

Спинально-мышечная атрофия кæй хонынц, уыцы низæй рынчын сывæллæтты 2021-æм азы 1-æм январæй фæстæмæ дзæбæх кæндзысты паддзахады хардзæй. Ахæм уынаффæ рахаста Владимир Путин.

Уæззау низтæ дзæбæх кæныныл  иннæ аз хъуамæ хардзгонд æрцæуа 60 миллиард сомы. 25 мин сывæллоны райсдзысты æххуыс. Се хсæн гыццыл Бæдуаты Зæринæ. Ныртæккæ йын йæ цардыл тох кæнынц йæ ныййарджытæ. Зæринæйыл 8 мæйы куы цыди, уæд ын хатт скодтой препарат «Спинраза»-йы фыццаг инъекци. Рæстæгмæ йæ бон у низ бауромын. Фыццаг аз уыцы хосæн хъæуы 48 милуан сомы, иннæ азтæн та 24 милуаны. Спинраза дзæбæх нæ кæны. Уавæр гыццыл фæрогдæр кæны.

Алы укол дæр у 8 милуан сомы аргъ. Фыццаг афæдз сæ скæнын хъæуы 6.

Абоны онг Персаты Зæринæйæн сæмбырд кодтой 83 милуанæй гыццыл фылдæр. Хъæугæ та кæны 155 милуаны. Препарат хъæуы скæнын цалынмæ йыл 2 азы нæ сæххæст , уæдмæ. 4-æм ноябры гыццыл чызгыл сæххæст уыдзæни афæдз æмæ иу мæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania