09 января 2014, 11:57
Спорты галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыд республикæйы гом чемпионат рог атлетикæйæ
Архайдта дзы 200 спортсменæй фылдæр. Се `хсæн уыдысты Кæсæг-Балхъары æмæ Дагестаны минæвæрттæ дæр. Атлете ерыс кодтой дугъ кæнынæй, къори æхсынæй æмæ гæпп кæнынæй.
Архайдта дзы 200 спортсменæй фылдæр. Се `хсæн уыдысты Кæсæг-Балхъары æмæ Дагестаны минæвæрттæ дæр. Атлете ерыс кодтой дугъ кæнынæй, къори æхсынæй æмæ гæпп кæнынæй. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн республикæйы иугонд командæ. Уый хъахъхъæндзæн Цæгат Ирыстоны кад Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты 17-æй 19-æм январьмæ Краснодары.
Джиоты Мальвинæ, ерысты архайæг: «Ацы турниры бацахстон 2 фыццаг бынаты. Ныр ацæудзынæн Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæм æмæ дзы архайдзынæн нæ республикæйы номæй. Æз тынг цин кодтон фыццаг бынат кæй бацахстон, ууыл. Иннæ ерыстæм дæр мæхи бацæттæ кæндзынæн, æмæ дзы хъуамæ бацахсон фыццаг бынат».
темæмæ гæсгæ




