Спорты Галуан «Манеж»- ы арæзт æрцыд Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры номыл республикон турнир дзюдойæ. Зауыр фæмард Черменыхъæуы контролон уадзæн пункты теракты. Турниры кадджын уазджытæ уыдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз, Дзæуджыхъæуы мэр Дзантиаты Сергей, Джыбылаты мыггаджы минæвæрттæ.
Турниры кадджын уазджытæ уыдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз, Дзæуджыхъæуы мэр Дзантиаты Сергей, Джыбылаты мыггаджы минæвæрттæ. Турнир райдыдта минут æдзæмæй алæууынæй. Уый фæстæ раныхас кодта Мамсыраты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй Джыбылаты Зауырмæ разынд стыр хъæбатырдзинад æмæ ныфс. Йæхи цардæй бахъахъхъæдта сæдæгай адæмты цард.
Æрыгон лæппу йæ райгуырæн бæстæйæн бацыд стыр хæрзты. Республикæйы сæргълæууæг бузныг загъта Зауыры мадæн, ахæм лæппу кæй ныййардта, уый тыххæй. Хъæбатыры номыл цы турнир арæзт æрцыд, уым архайдтой Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Стъараполы крайы, Дагестаны æмæ Цæцæны республикæйы командæтæ. Турнир арæзт цæудзæн алы аз дæр. Зауыры мад йæ цæссыг нæ уромгæйæ бузныг загъта республикæйы разамындæн æмæ мидхъуыддæгты министрадæн йæ фырты йын кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй.




