филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:14 воскресенье, 01 февраля 2026
04 июня 2024, 11:48
Спорты галуан «Манеж»-ы ацыд регионты хсæн турнир грекъаг-римаг хъæбысхæстæй

Ерыстæ баст сты Уæрæсейы спорты мастер Мириана Бибичадзейы ном ссарынимæ

Спорты галуан «Манеж»-ы ацыд регионты хсæн турнир грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Ерыстæ баст сты Уæрæсейы спорты мастер Мириана Бибичадзейы ном ссарынимæ. Фыццаг бынат райсыныл архайдтой 5 сæдæ спортсменæй фылдæр, æдæппæтæй 12 командæйы. Уыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды республикæтæй, Мæскуыйы облæстæй, Хъырымæй, Луганскæй, Казахстанæй, Белоруссийæ æмæ Гуырдзыйæ. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ, сбæрæг сты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Хорзæхджын æрцыдысты чемпионы рæттæй, кубоктæй, кады гæххæттытæй æмæ æхцайы призтæй. Турнир арæзт æрцыди грекъаг – римаг хъæбысхæсты спортивон клубы президент Остъаты Тотрадзы хъæппæисæй.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania