Архайдтой дзы, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм фæсивæд. Республикæйы æппæт районтæй 27 командæйы сæ арæхстдзинад æвдыстой спорты алы хуызтæй.
Спорты галуан Манеж-ы уыд спартакиадæ «Дуне æнæ арæнтæй». Архайдтой дзы, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм фæсивæд. Республикæйы æппæт районтæй 27 командæйы сæ арæхстдзинад æвдыстой спорты алы хуызтæй. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой 14 азæй – 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ. Мадзал сарæзтой фæллойы æмæ социалон рæзты, стæй культурæйы æмæ спорты министрадтæ. Уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты дипломтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Хъазиты Алексейыл цæуы 17 азы. Кæд йæ нæниздзинад цудыд у, уæддæр æнтыстджынæй архайы спортæй. Тайаг бокс, къæдзæхтыл бырынæй спорт, воркаут æмæ æндæртæ. Йе нæниздзинады хицæндзинæдтæ йæ ацы хъуыддаджы нæ хъыгдарынц, фæлæ ма йын фидар кæнынц йæ удыхъæд. Уый иу, стæй лæппу йæхи дæнцæгæй иннæтæн æвдисы, адæймаджы фæндгæ бакæна, уый йеддæмæ йын арæнтæ нæй. Йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм фæсивæдæн республикæйы спартакиадæ «Дуне æнæ арæнтæй» фыццаг хатт нæ цæуы. Фæсивæд сæхи фæлварынц спорты алы хуызты. Ацы аз спартакиадæйы архайдтой республикæйы районтæй 27 командæйы. Уыдонæй 14 сты 14 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. 13 командæйы та – 18 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм фæлтæр. Спортивон бæрæгбон арæзт æрцыди республикæйы физкультурæ æмæ спорты, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министрадты хъæппæрисæй. Ахæм мадзæлтты ахадындзинады тыххæй йæ хъуыдытæ загътой бæрнон кусджытæ дæр.
Спартакиадæйы архайджытæн æмæ уазджытæн арфæйы ныхæстæ загътой хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, спорты министр Хуыгаты Алан æмæ дунейы дыууæ хатты чемпион, 2012-æм азы Олимпаг хъæзтыты призер Æлбегаты Руслан. Спартакиадæ «Дуне æнæ арæнтæй» байгом кодтой репсубликæйы сфæлдыстадон къордтæ. Уæлахиздзаутæ та хорзæхгонд æрцыдысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Ацы спартакиадæйы фæлгæты нысан кæнынц паралимпаг чемпионат, стæй фехтованийæ, пауэрлифтингæй æмæ воркаутæй дæсныйадæвдисæг ахуыртæ скæнын дæр.
