филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 01 февраля 2026
06 октября 2022, 10:14
Ссæдз азы рацыд Гæнæлдоны комы æрдзон фыдбылызы æрцыдыл

Уæдæй фæстæмæ, Федералон программæты æмæ национ проектты фæрцы  куыстытæ цæуынц уырдæм цæуæг фæндаг ссыгъдæг кæныныл

Истори хæссæг фæндаг ног хуызы! Ссæдз азы рацыд Гæнæлдоны комы æрдзон фыдбылызы æрцыдыл. Уæдæй фæстæмæ, Федералон программæты æмæ национ проектты фæрцы  куыстытæ цæуынц уырдæм цæуæг фæндаг ссыгъдæг кæныныл. Азæй азмæ йæ уавæр кæны хуыздæр. Ныр йæ кæцыдæр хай асфальтæй æмбæрзт æрцыд. Бæстондæр, фæндаджы хай Джызæл – Хъæрмæдон-Дæргъæвс-Дзуарыхъæуыл архайдимæ нæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Афтæ æнцонтæй ацы фæндагыл искуы цæуæн уыдзæн, ууыл æрæджы дæр ма зын бауырнæн уыд. Ныр республикæйы фæндæгты хæрзхъæддзинадыл куыст бæрзонд æмвæзадыл кæй у, уымæн бирæ дæнцæгтæ ис. Фæндаджы хай Джызæл – Хъæрмæдон-Дæргъæвс-Дзуарыхъæуыл куыстытæ конд цæуынц Цæгат Ирыстоны транспорт æмæ фæндæгты арæзтаты Комитеты хъæппæрисæй. Архайын ыл райдыдтой афæдзы райдиан. Гæнæлдоны комы Хъолайы цъитийы рацыдæй цы фæндаг фехæлд, уый хъуамæ цыбыр рæстæгмæ цалцæггонд æрцæуа. Уый æнцондзинад сæхиуыл банкъардзысты бæлццæттæ.

Ныртæккæ куысытæ конд цæуынц Хъæрмæдон æмæ Хъæнимæ бацæуæны. Ацы ран уæлдай уæззау уавæры уыд фæндаг.

Фæндаджы æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ, альпинисттæ  фæндаджы  цæхгæр хæйттыл асфальты бын  тауынц сæрмагонд хыз.  Йæ фæрцы фæндаг хъæхъхъæд уыдзæн хæхтæй дуртæ æркæлыны  рæстæг.

Фæндаджы бын ма æвæрынц дондзæуæн хæтæлтæ. Фæбæрæг кæнинаг у хидты арæзтад дæр. Куыстытæ цæуынц æртæ хидыл. Сæ даргъдæр у 42 метры.

Фæндаджы хай Джызæл – Хъæрмæдон-Дæргъæвс – Дзуарыхъæуыл ма бирæ бакусинæгтæ ис. Фæлæ куыд фæзæгъынц,  райдиан цæмæн ис, уымæн кæрон дæр уыдзæн. Уыимæ, фæндаджы ахадындзинад хынцгæйæ йыл куыстытæ цыд тагъддæрæй тагъддæр кæны. Фæндаджы куыстытæ разæнгарддæр кæнынц  коммæ цæуæг туристты. Уырны сæ, цыбыр рæстæгмæ хуырджын фæндаг, асфальтæй ивд кæй æрцæудзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania