филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 суббота, 31 января 2026
08 августа 2023, 11:38
Стадион «Спартачы» рацарæзтæн 1 миллиард æмæ 214 милуан сомы радих кæныны курдиатæн разыйы дзуапп радтой

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло

Стадион «Спартачы» рацарæзтæн 1 миллиард æмæ 214 милуан сомы радих кæныны курдиатæн разыйы дзуапп радтой. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бабар кодта цалцæггæнæн куыстыты цыд фæтагъддæр кæнын. Æмбырды ма ныхас кодтой, дзæгъæл цæрæгойты дарæн бынæттæ саразыныл Æрыдоны æмæ Мæздæджы. Проекттæ сæххæст кæнынæн бахъæудзæн 80 æмæ 156 милуан сомы. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй уыйбæрц хæрдзтæ рационалон не сты, хъæуы спайда кæнын, къаддæр аргъ кæмæн ис, ахæм тагъдаразæг конструкцитæй. Дыууæ объекты дæр хъуамæ сцæттæ уой азы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania