Уый размæ уыцы бынаты рабæрæг аиппдзинад
Стадион «Спартачы» скæсæйнаг трибунæйы 6-æм сектор ныффидар кодтой бетонæй. Уый размæ уыцы бынаты рабæрæг аиппдзинад. Уый баст у, апрелы аразгæйæ æмбæлгæ домæнтæ æххæстгонд кæй не рцыдысты, уыимæ. Уый аххосæй цæджындзтæ фæтасыдысты. Подрядон куыстуатæй бадомдтой, цæмæй фондз къуыримæ уыцы аипдзинад аиуварс кæна, уый. Уыцы æмгъуыдмæ специалисттæ фехæлдтой, 120 квадратон метры чи уыд, ахæм уаццаг. Подрякон куыстуаты зæрдæ бавæрдтой, уыцы цау объект радтыны æмгъуыдыл кæй нæ фæзындзæн, уымæй.
Стадион цалцæггæнæн куыстыты радон къæпхæнмæ хауынц: бæстыхайы сæр сæхгæнын, беионæй асинтæ сæвæрын, стæй футболуарзджытæн ног бандæтты монтажыл бакусын. Арæзтадон компанийы сæйраг инженеры ныхæстæм гæсгæ, кæд сæ архайды цавæрдæр къуылымпытæ фæзынд, уæддæр уый иннæ трибунæты куыстыты фæткыл нæ фæбæрæг. Афтæмæй аразджытæ кусынц, нысангонд æмгуыдтæм гæсгæ.




