28 апреля 2023, 11:27
Стадион «Спартачы» цы фарстатæ сæвзæрд, уыдон хъуамæ подрядон организаци аиуварс кæна 5 къуырийы мгъуыдмæ
Ахæм уынаффæ хаст æрцыд республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министрады
Стадион «Спартачы» цы фарстатæ сæвзæрд, уыдон хъуамæ подрядон организаци аиуварс кæна 5 къуырийы мгъуыдмæ. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министрады. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Скæсæйнаг трибунæйы, бетон калгæйæ, хæлд æрцыд технологи. Уый аххосæй трибунæ фехæлди. Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин загъта йæ хъуыдытæ, сæвзæрд уавæры тыххæй. Бынаты райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Фарстайаг уаццаджы фæзуат у 120 квадратон метры. Амæй фæстæмæ объектмæ цæудзæн бæстондæр цæстдард, – загъта бæрнон министр.




