филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:28 суббота, 31 января 2026
08 февраля 2023, 11:07
Стадион «Спартак»-ы æнæрлæугæйæ цæуынц арæзтадон куыстытæ

Объекты дыууæ сменæйы фæллой кæны 160 адæймаджы

Стадион «Спартак»-ы æнæрлæугæйæ цæуынц арæзтадон куыстытæ. Фæзындзæн дзы ног трибунæтæ. Объекты дыууæ сменæйы фæллой кæны 160 адæймаджы. Скæсæйнаг трибунæйы монолитæй конструкцитæн бындур æвæрд æрцыди 70%. Ацы бонты специалисттæ бавнæлдтой дыккаг уæладзыджы арæзтадмæ. Кæд боныхъæд сæ хæрзтæй нæу, уæддæр аразджыты куыст нæ къуылымпы кæны. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Æнæ фæлладуадзæн бонтæй æмæ дыууæ радæй. Дысвæлдæхтæй архайд, цæмæй куыстытæ кæронмæ фæуой афоныл. Стадион «Спартак» ныртæккæ ис рацарæзты дыккæгæм къæпхæны. Трибунæты арæзтад цæуы активонæй. Æдæппæтæй скæсæйнаг трибунæйы фæнд кæнынц 12 мин кубометры æфсæнконструкцитæ сæвæрын. Генералон подрядон организацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн сæ фылдæр хай ныридæгæн ныккодтой. Рæстæмбисæй ма дзы хъæуы 7 сæдæ кубометры. Ныр рады ис æмбырдгæнгæ конструкциты монтаж, уыдонæй та арæзт æрцæудзæн трибунæ, куыд бадæн бынæттæн бындур. Ныгуылæн трибунæйы дæр куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ бавнæлдтой дыккæгæм уæладзыгмæ. Боныхъæд сæ ны хъыгдары.

Монолитæй конд конструкциты арæзтад кæронмæ фæци, дыууæ цæстдарæн-уадзæн пунктæй иуы дæр. Скæсæйнаг трибунæйы мæнгагъуысты монтажмæ та бавналдзысты гидроизоляцийы куыстытæ кæронмæ куы фæуой, уæд.

Кæд бæлвырд фæткæй гыццыл къуылымпы кæнынц, уæддæр куыстытæ фæнд кæнынц афоныл фæуын. Подрядон организацитæ зæрдæ вæрынц, куыстытæ афтæ разæнгардæй куы цæуой, уæд хъуыддæгтæ сырæздзысты зæрдæйы фæндон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania