филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
28 февраля 2024, 11:55
Станицæ Луковскæйы радон хатт сæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ

Йæ фыццаг бонтæй Архистратиг Михаилы аргъуаны адæм салдæттæн райдыдтой гуманитарон æххуыс цæттæ кæнын æмæ æмбырд кæнын

Станицæ Луковскæйы радон хатт сæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Йæ фыццаг бонтæй Архистратиг Михаилы аргъуаны адæм салдæттæн райдыдтой гуманитарон æххуыс цæттæ кæнын æмæ æмбырд кæнын. Фæстæдæр арæзт æрцыд къорд «Алцыдæр фронтæн – алцыдæр Уæлахизæн». Уыцы рæстæгмæ адæмæн сæвзæрд бастдзинад цалдæр æфсæддон дæлхайадимæ. Сæ пайдайаг архайды тыххæй фылдæрæй-фылдæр æфсæддон хайæдтæ базоны. Æрæджы ма аргъуаны райдыдтой цæттæ кæнын сæрмагонд хи хсæн комплекттæ. Æрмдæснытæ ма быйынц цъындатæ, хуыйынц алыхуызон хъæугæ дзаумæттæ. Гуманитарон æххуыс фæхæццæ кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Хæстонтæ æмзæххонтæн загътой арфæйы ныхæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania