19 сентября 2019, 12:56
Станицæ Луковскæйы сбæрæг кодтой Теркаг Хъазахъаг æфсады бон
Ацы аз дзы уыд Хъазахъаз зарджыты фестиваль
Станицæ Луковскæйы сбæрæг кодтой Теркаг Хъазахъаг æфсады бон. Ацы аз дзы уыд Хъазахъаз зарджыты фестиваль. Архайдтой дзы районы хъæуты ансамбльтæ. Алчи дæр дзы адæмы цурмæ рахастæ æртæ зарæджы. Луковскæйы цæрджытæ мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдыл æрлæууын кодтой Кавказы хъазахъхъæгты стæницæты фæзынды истори. Æртæ æнусы хъазахъæгтæ цардысты Терчы былгæрæтты, æдзух архайдтой хæстон цауты æмæ æфсæддон балцыты. 19 æнусы, Терчы облæсты хæлар цард куы бацайдагъ, уæд фæзынд фадат æфсæддон бæрæгбон аразынæн, снысан æй кодтой имам Шамилы æрцахсыны бон. Уымæ гæсгæ зарджытæ дæр баст уыдысты хъазахъæгты цард, традицитæ æмæ æгъдæуттимæ.
темæмæ гæсгæ




