Ам бирæ азты нæ цыдысты цалцæггæннæ куыстытæ æмæ рæзгæ фæлтæрархайынц уымæл, æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты
Кæд иу фарста лыггонд æрцыд, уæдæр нырма ис æндæр вазыгджын фарстатæ. Станицæ Троицæйы сывæллæттæ ныртæккæ цы культурæйы галуанмæ цæуынц уый æрцыд заууатмæ. Ам бирæ азты нæ цыдысты цалцæггæннæ куыстытæ æмæ рæзгæ фæлтæрархайынц уымæл, æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты. Не сфæлдыстадон къорд федта бæстыхай. Бæлвырддæр – Джыбызты Зæринæ
Культурæйы хæдзары директор ма хорз хъуыды кæны бæстыхай куы сарæзтой, уæд ын цы æддаг бакаст уыди, уый. Архитектурæ Советон рæстæджы хуыздæр традицитæм гæсгæ конд. Ирд ахорæнтæ, стыр æмæ уæззау колоннæтæ, цæттæ уыдис суанг бæстæйы бæрнон кусджыты суазæг кæнынмæ дæр. Ныртæккæ та дзы уынæм æндæр ныв.
Ныййарджытæ тæрсынц сæ сывæллæтты ардæм уадзын.
Фæлæ уæддæр, æрвылбон культурæйы хæдзармæ хореографийы секцимæ цæуы 40 сывæллонæй фылдæр. Советон æууæлтæй ма ам дзы баззади цавæрдæр æвдисæнтæ. Ммы разамынд зæгъы, æппæтæй тынгдæр тыхсынц стыр люстрæйы уавæрыл. Дæсгай азты дзы зæгъæн ис, æмæ пайда нæ кæнынц. Рыг ыл æмбырд кæны. Схизын, æмæ йæ саразын, кæнæ йæ ныссæрфыны фадат дæр нæй.
Кæд бæстыхайы уавæр æдзæллаг у, уæддæр æй кæлæтдзаг схонæн нæй. Амы кусджытæ сæхи хъаруйæ сцалцæг кæнынц, æмæ базилынц агъуыстытæм гæнæн æмæ амалæй. Кæд бæстыхай уымæл у, уæддæр дзы æнтыстджынæй кусынц спортивон, аивадон æмæ музыкалон къордтæ. Хицæн ныхасы аккаг у, кусæнгæрзтæ дзы кæй нæ фаг кæны, уый дæр. Чи дзы ис, уыдонæй дæр пайда кæнынц бирæ азты, æмæ бынтон хорз уавæры нал сты. Фæлæ сæйрагдæр у уый, æмæ ам тырнынц хуыздæр фидæнмæ, зæгъынц педагогтæ.
Хъæуы цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, бæстыхай ахæм уавæры уадзæн нæй. Культурæйы артдзæст æнæмæнгæй хъæуы. Цæмæй сывæллæттæ сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ æрвитой, æмæ скъолайы фæстæ уынджы ма уой, уый тыххæй культурæйы хæдзары разамынд куры æххуыс.
Культурæйы хæдзары директоры ныхæстæм гæсгæ сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой республикæйы культурæйы министрады. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав Мæздæджы районы цæрджытимæ куы фембæлд, уæд æм цæрджытæ бацыдысты курдиатимæ. Зæрдæ сын куыд бавæрдтой, афтæмæй Троицкæйы культурæйы хæдзар бындуронæй рацараздзысты 2020-æм азы.
