филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 суббота, 28 сентября 2024
30 июля 2020, 14:02
Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ афæдзы райдианæй фæндаггон фыдбылызты фæмард 50 адæймаджы

Уый, ивгъуыд азы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, у 10 адæймаджы фылдæр

Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ афæдзы райдианæй фæндаггон фыдбылызты фæмард 50 адæймаджы. Уый, ивгъуыд азы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, у 10 адæймаджы фылдæр. Цæй мидæг ис ахæм бæрзонд фыдбылызты аххосаг, уый равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй фæндаггон фыдбылызтæн сæ фылдæр æрцæуынц сæрды мæйты. Æрмæст июлы бæрæггæннæтæм гæсгæ, ацы мæй фæмард 14 адæймаджы. Уый у 4 хатты фылдæр, фароны нымæцтимæ абаргæйæ. Паддзахадон автоинспекцийы аналитикæйы хайады куысджытæ зæгъынц, ам иумæйаг хатдзæг скæнæн нæй, фæлæ республикæйы фæндæгтæм фылдæр цæстдард кæй хъæуы, уый у æнæмæнг.

Ацы фæндаггон фыдбылыз æрцыд сусæны мæйы 19-æм бон, Дигорамæ хæстæг. 55 аздзыд софыр нæ сарæхст æмæ ратахт фæндагæй, йæхи бахаста бæласмæ æмæ фæмард.

Ацы кадртæ та ист æрцыдысты фæсарæйнаг машинæ тагъд чи скъæрдта, уыцы шофыры ййафгæйæ. Бæрæг у рагагъоммæйы хатдзæгтæм гæсгæ  нозджын шофыр сырх рухсыл цыппар тигъы астæу чысыл автобус гыццыл ма уа æмæ йæ ма скъуыра. Шофырæн бантыст йæ ссурджытæй алидзын, фæлæ чысыл фæстæдæр барадон оргæнты куысджытæ машинæ фæлдæхтæй ссардтой фæндаджы кæрон. Йæ хицау фæмард бынаты. Йæмæ цы бæлццон бадт, уый баластой рынчындонмæ. Фæндаггон закъæдтæ кæй не ххæст кæнынц, уый аххосæй бирæтæн с æнæниздзинад цæрæнбонтæм фæцуды, зæгъы инвæлидты реабилитацион центры хицау Цæллагкаты Жаннæ. Йæ бæрны цы адæм ис, уыдонæй бирæтæ инвæлидтæ систы фæндаггон фыдбылызы аххосæй.

Фæндаггон фыдбылызтæн сæ фылдæр æрцæуынц расыг шофырты аххосæй. Афæдзы æмбисмæ сæ нымæц у 42. Цæмæй къаддæр фыдбылызтæ цæуа, уый тыххæй республикæйы арæзт цæуы акци «Ностджын шофыр». Цæгат ирыстоны алы рæтты бæрæг кæнынц шофырты уавæр.

Ацы азмæ пъæлицæйы куысджытæ сбæрæг кодтой 2 мин 500 расыг шофыры. Се ппæт барвæндонæй нæ баурæдтой. Ахæм уавæры скусынц мобилон бригадæтæ. Æхсæв уынгты сабырдзинад хъахъхъæнынмæ  рацæуы бирæ фæндаггон патрулон машинæйы.

Фæлтæрджын инспектор уайтагъд раитасы шофыр æрвонг куы нæ вæййы, уæд. Уимæ ахæм закъонхалæг æнæмæнг машинæ тагъд не скъæрдзæн.

Фæндаггон патрулон службæйы инспектортæй алчидæр зæгъдзæн, нозтджын шофырæн сæвæзæрд  уавæры уыцы-иу уысммæ йæ бон сарæхсын нæ баудзæн. Гæнæн ис æмæ изæрдалынгты фистæгæй цæуæджы дæр нæ фендзæн. Уымæ гæсгæ хатдзæг кæнынц расыг шофыр кæй у лæгмар, кæнæ та адæймаджы æнæниздзинад цæрæнбонмæ чи цудын кæны, ахæм адæймаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania