Культурæйы хæдзары æрæмбырд сты хъæуы цæрджытæ, стæй Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы минæвæрттæ
Ставд-Дурты арæзт æрцыд прозаик æмæ драматург Бицъоты Грисы мысæн изæр. Культурæйы хæдзары æрæмбырд сты хъæуы цæрджытæ, стæй Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы минæвæрттæ. Номарæн мадзалмæ хуынд чи рцыд, уыдонæй алчидæр æрымысыд Грисы царды æмæ сфæлдыстады хабæрттæ. Ахæм мысæн изæр саразын æнæмæнг хъуыди. Уæлдай ахсджиагдæр уыд Ставд-Дурты рæзгæ фæлтæрæн, цæмæй сæ сæр бæрзæндты хæссой, ахæм хъæуккаг сын кæй уыд, уымæй. Ацы аз Бицъоты Грисы райгуырдыл сæххæст 90 азы. Йæ уацмысты ирдæй æвдыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæ, стæй хæсты фæстæ уæззау азтæ. Адæмон хæдзарад йæ къæхтыл куыд лæууын кодтой, уый. Стыр æргом здæхта граждайнаг бæрнондзинадмæ. Уæдæ Грис нæ рох кодта сабиты дæр. Сывæллæттæн ныффыста цымыдисаг радзырдтæ.




